Федерика Моггерини - райгонд дæн Гуырдзыстоны хицауадимæ æмгуыстадæй, уынын цы куыст цæуы реформæты æрдгæй
Гуырдзыстон у аргъ кæмæн нæй ахæм æмæ æмзæрдæ партнер Евроцæдисæн – уый фæдыл Евроцæдисы иуыл бæрзонд минæвар Федерика Моггерини, Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады советы рабадты фæуды фæстæ райхъусын кодта.
Моггерини куыд банысан кодта афтæмæй, сырæзт тынг дæргъвæтин æмæ позитивон фембæлд, кæцыйыл ныхас цыд æмкуысткæнынад æмæ партрнерадыл.
«Уыдис нын тынг дæргъвæтин æмæ позитивон фембæлд. Иттæг æнтстджын скæсæн партнерады самиты фæстæ, мах æруынаффæ кодтам нæ дзæбæх æмгуыстадыл æмæ партнерадыл. Нæ хæлардзинад тынг æвæрццаг фæстиуæг æрхаста. Уый бæрæг у визалиберализацийæ дæр. Мæ зæрдыл лæууы, ивгъуыд азы ам лæууыдыстæм æмæ уынаффæ кодтам визалиберализацийыл. Уырны нæ, цæмæй Евроцæдисы æмæ Гуырдызстоны æмбæстæгты æхсæн ахастытæ арфдæр кæнынц. Фæнды мæ зæгъын цмæй Евроцæдис цæттæ у æххæстæй спайда кæна нæ хæларады потенциалæй. Райгонд дæн Гуырдзыстоны хицауадимæ æмкуысткæнынадæй. Æз уынын уæ куыст реформæтыл, кæцыйы хатут æххуыс. Нæ нысан у, цæмæй Гуырдзыстоны уа стабилондзинад. Женевæйы бадзырдтæ æмæ евроцæдисы мониторингы къорд растдæр ацы нысанæй сты. Аргъ кæнын уæ реформæтæн æмæ политикæйæн. Сæдæ минæй фылдæр адæймаг бахызт Шенгены зонæмæ. Гуырдзыстоны хицауад сарызта алцыппæт уый тыххæй. Ай у цардæн нысаниуæгджын нæ туризмæн, кæрæдзиимæ базонгæйы тыххæй. Дыккаг мах уынæм гуырдзиаг продукттæ Европæйы. Мах стæм Гуырдзыстонæн номыр фыццаг базарадон партнер. 37% райрæзтис Гуырдзыстоны экспорт. Æртыккаг – ноджы фылдæр фæарфдæр уа нæ æмкуысткæнынад, æхсæнадæмон бастдзинад. Алцыппæтæй сæйрагдр у ай. Ис нын амбицион боны фæтк фидæн азмæ. Гырдзыстон у аргъ кæмæн ахæм æмæ иузæрдлыг партнер Евроцæдисæн» – райхъусын кодта Могерини.