Федерика Моггерини Гуырдзыстонæй Шенгены зонæмæ абалц кодтой 100 минæй фылдæр адæймаг, Гуырдзыстоны хицауад уый тыххæй сарызта алцыппæт
Гуырдзыстонæй Шенгены зонæмæ абалц кодтой 100 минæй фылдæр адæймаг. Гуырдзыстоны хицауад уый тыххæй сарызта алцыппæт, уый у иттæг нысаниуæгджын нæ туризмæн, кæрæдзиимæ базонгæйæн – уый фæдыл евроцæдисы иуыл бæрзонд комисар Федерика Моггерини Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады советы рабадты фæуды фæстæ райхъусын кодта.
Федерика Моггерини куыд банысан кодта афтæмæй, Евроцæдисы æмæ Гуырдызстоны æмбæстæгты ахастытæ арфдæр кæнынц.
«Фæнды мæ зæгъон цæмæй Евроцæдис цæттæ, æххæстæй спайда кæна нæ хæлардзинады потенуиалæй. Райгонд дæн Гуырдзыстоны хицауадимæ æмкуысткæнынадæй. Æз уынын уæ куыст реформæтыл, кæцыйы хатут æххуыс. Нæ нысан у, цæмæй Гуырдзыстоны уа стабилондзинад. Женевæйы бадзырдтæ æмæ евроцæдисы мониторингы къорд растдæр ацы нысанæй сты. Аргъ кæнын уæ реформæтæн æмæ политикæйæн. Сæдæ минæй фылдæр адæймаг бахызт Шенгены зонæмæ. Гуырдзыстоны хицауад сарызта алцыппæт уый тыххæй. Ай у цардæн нысаниуæгджын нæ туризмæн, кæрæдзиимæ базонгæйы тыххæй. Дыккаг мах уынæм гуырдзиаг продукттæ Европæйы. Мах стæм Гуырдзыстонæн номыр фыццаг базарадон партнер. 37% райрæзтис Гуырдзыстоны экспорт. Æртыккаг – ноджы фылдæр фæарфдæр уа нæ æмкуысткæнынад, æхсæнадæмон бастдзинад. Алцыппæтæй сæйрагдр у ай. Ис нын амбицион боны фæтк фидæн азмæ. Гырдзыстон у аргъ кæмæн ахæм æмæ иузæрдлыг партнер Евроцæдисæн» – райхъусын кодта Могерини.