Фæсарæн хуъыддæгты министры хæдивæг фембæлдис Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты æмсæрдаримæ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Лаша Дарсалиа фембæлдис Хуссар Кавказы æмæ Гуырдзыстоны кризисты фарстаты Евроцæдисы специалон минæваримæ, Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты æмсæрдар, Тоиво Клааримæ. Информаци хъусын кæны Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад,
Уагдоны хъусинагæй, фарсытæ аргъ скодтой 2020 азы декабры ацæугæ Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты 51-æм раундæн æмæ деталонæй æркастысты оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг æдасдзинады, гуманитарон æмæ адæймаджы барты æрдгæй уæвæг вазыгджын уавæр.
Министры хæдивæг специалон минæварæн бавдыста информаци Уæрæсейы фæстагрæстæгон провокациты фæдыл. Йæ хъусдард сцырын кодта Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæзакъонон æрцахстты факттыл, оккупацион хаххыл тел-æмбондты æмæ æндæр аразгæ барьерты монтаж кæныны æрдæм, уæгъдибар змæлд арæнскæныны æмæ медицинон эвакуацийы куылымпыдзинадыл, кæцыйы амæттаг æнæ иу адæймагы цард ссис Ахалгоры районы, афтæ куыд гуырдзиæгты этникон дискриминацийыл. Министры хæдивæг бахахх кодта Уæрæсейы оккупацион тыхты ахст Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæныны, афтæдæр Давит Башарулийы, Гига Отхозориайы æмæ Арчил Татунашвилийы марындзинады хъуыддæгтыл расттæрхон сæххæсты æнæмæнгхъæуындзинад. Сæрмагонд акцент арызт æрцыд Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй фæактивонгонд анексион процесстыл.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, фембæлдыл карзæй æвæрд æрцыд Галы инциденттæ маруадзыны механизмты (IPRM) цыфæнды разæууæлттæй сног кæныны æмæ Эргнеты фæнысангонд механизмты регуляронæй, бындурдæттæгон принциптæм æмбæлгæйæ скусын кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.