Фæсарæн хъуыддæгты министрад - минæвæрттæм лæбурд уыцы паддзахадты æфхæрд у, кæцыты минæвæрттæ сты, ноджы иу хатт фауæм, Германийы минæвары æрдæм арызт комментариты
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад, Гуырдзыстоны Евроцæдисы мисси Евроцæдисы цы фидиуæн ахæлиу кодта, уымæн дзуапп дæтты.
Уагдоны фидиуæны дзырдæуы, цæмæй ноджы иу хатт бæлвырд кæнынц Гуырдзыстон æмæ фæсарæн хъуыддæгты министрады цыт бæстæйы аккредитацигонд дипломативон корпусы æмæ æхсæнадæмон мисситы минæвæрттæм.
«Нымайæм, цæмæй растдæр сæ намысджын куыст æмæ профессионализм нысаниуæгджын хайбавæрд æмæ æххуыс кæнынц нæ бæстæйæн рæзынады, арæзты æмæ Гуырдзыстоны хæлар ахастытæ фæарфæды хъуыддаджы нæ партнер паддзахадты æмæ æхсæнадæмон организацитимæ, афтæдæр бæстæйы позитивон имидж фæфидар кæныны.
Алчидæр дзæбæх хъуамæ бамбара, цæмæй фæсарæйнаг минæвæрттæ æвдисынц сæрмагонд бæстæты ахаст/позицитæ нæ бæстæйы æрдæм, æмæ уый тыххæй дæр уыдонмæ лæбурд у ацы паддзахадты æфхæрд. Минæвæртты куыст растдæр уыцы стыр хæлардзинады æмæ парнерады тæмæн у, кæцы Гуырдзыстонæн азты дæргъы сырæзтис æхсæнадæмон æмгарадимæ.
Сæ нымæцы ис Германи, кæцыимæ нын ис бæрзонд æмвæзады партнерад, кæцы фæстаг дæргъы сæрмагондæй фæфидар ис. Германи стыр роль сыххæст кодта Гуырдзыстоны куыд демокративон, афтæ экономикон рæзынады процессы. Алкæмæн нæ зæрдыл лæууы нæ бæстæйы хæдбарады фыццаг азты Германийы хъæддых æххуыс, куыд дыууæфарсон, афтæ бирæфарсон форматты. Ацы æххуыс дарддæр кæны абон дæр æмæ æрвылайзонæй фидардæр кæны нæ бæстæйы ахæм фундаментон фарстаты, цахæмдæр у суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад, афтæдæр евро-атлантикон интеграци», – банысангонд у фидиуæны, æмæ ма дзырдæуы, цæмæй фæсарæн хъуыддæгты министрад ноджы иу хатт фауы Гуырдзыстоны хæлар бæстæ, – Германийы Федеративон Республикæйы минæвары æрдæм арызт комментаритæ.
«Цытджын Хуберт Книрш, сæрмагонд бæстæйы аккаг минæвар у æмæ бæрзондпрофессионализмæй архайы Гуырдзыстоны æмæ Германийы æхсæн партнерад фæарфдæр кæнынæн æмæ нæ бæстæйы Ныгуылæнимæ æрыввахсæн.
Нымайæм, цæмæй минæвары ныхмæ ахæм æфхæрæн æмæ хахуырхæссæг кампанийæн йæ нысан у нæ бæстæйы, антиныгуылæйнаг равг сцырын кæнын.
Уагдонæн нæрайсгæ сты ахæм æнæбæрнон митæ, кæцыты хъыгагæн дипломативон корпусы æрдæм фæстаг периоды уынæм, политикъты, медийы, кæнæ æхсæнады хицæн минæвæртты æрдгæй.
Гуырдзиаг дипломатты номæй, йæ фарс хæцæм нæ бæстæйы архайæг дипломаттæн иууылдæр сæ профессион куысты æххæст кæнынæн», – дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.