Фади Эл Абдалла - Уæрæсе, æмæ де факто хицауадтæ æмкуыст нæ кæнынц прокуратурæимæ, Фату Бенсуда цæттæ у, уырдæм ныццæуа
Уæрæсе, æмæ де факто хицауадтæ æмкуыст нæ кæнынц прокуратурæимæ, Фату Бенсуда цæттæ у, уырдæм ныццæуа, кæд нын исты æххуыс уыдзæн уæд – уый фæдыл Гуырдзыстоны Гаагæйы тæрхондоны делегацийы минæвар, Фади Эл Абдалла абон уагъд пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
«Мах æнæиу хатт банысан кодтам, цæмæй тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондоны прокурортимæ конфликты баст алы фарсы æмгуыстад уыдзæн пайдаджын, уымæн æмæ уымæй сæм алкæмæ дæр фæзындзæн фадат, сæрмагонд позици æмæ блвырдгæнæнтæ бавдисын, кæцытæ сæм гæнæн ис æмæ уа. Пайдаджын уыдзæн уымæн, цæмæй сырæза æххæст ныв, цæмæй реалонæй цы æрцыд æмæ чи у бæрнон. Фæлæ хъыгагæн, прокуратурæйæ арызт æнæ иу сидтмæ æнæкæсгæ, Уæрæсейы хицауад æмæ де факто хицауадтæ прокурортимæ æмкуысткæнын разы не сты. Фаут Бенсуда иудадзыгæй фæлхатт кæны, цæмæй цæттæ стæм зæгъгæ æмгуыстадмæ, кæд æмæ уыдон бирæ æргом дæр уыдзысты. Фæлæ уыцы факт, цæмæй искæцы фарс æмкуыст нæ кæны, аскъуынын кæндзæн прокурортæн сæрмагонд фæдæвзарын уагъд, уымæн æмæ фæдагуырд саразыны цалдæр фæндаг ис æмæ ис бæлвырдгæнæнты хъауджыдæргонд хуызæгтæ, кæцыты раиртасын хъом у прокуроры офис, комментаритæ, аудио-визуалон æвдисæндзырдтæ æмæ æндæр», – банысан кодта Фади Эл Абдалла.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ис фæдагуырды бирæ фæндаг, кæцытæ æнæмæнгæй нæ домынц æмкуысткæнынады ахæм æмвæзад.
«Афтæмæй цæуы фæдæвзарæн. Хъыгагæн, мах ницы зæгъын хъом стæм фæдагуырды тыххæй, уымæн æмæ уый хъуамæ уа конфиденциалон. Нæ куысты æндæр хай рухсдзыд у, фæлæ фæдагуырд йæхæдæг у конфиденциалон, уæдмæ цалынмæ хъуыддаг тæрхонон прогрессмæ не рцæудзæн æмæ уæд сымахæн уæ бон бауыдзæн фенын ацы фæдагуырды фæстиуджытæ», – бафтыдта ма Фади Эл Абдалла.