Евросоветы парламентон делегацийы къухдариуæггæнæг - Курæг стæм гуырдзиаг политиктæй æмæ ног парламентæй, цæмæй куыд гæнæн ис афтæ рæхджы æрымбырд уой æмæ райдайæт кусын
Курæг стæм гуырдзиаг политиктæй æмæ ног парламентæй, цæмæй куыд гæнæн ис афтæ рæхджы æрымбырд уой æмæ райдайæт куыст – райхъусын кодта, Евросоветы парламентон делегацийы къухдариуæггæнæг, депутат Тини Кокси, кæцы Гуырдзыстоны йæ цæст дардта 31 октябры парламентон æвзæрстытæм.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ уыцы факт,цæмæй Гуырдзыстон бафæрæзта ахæм уавæрты æвзæрстыты организаци скæнын, æвдисы цæмæй демократийæ нæ тæрсы.
«Ацы парламентон æвзæрстытæ æмтгæй райсгæйæ уыдысты сæрибар, фæлæ мах, Евросоветы парламентон ассамблей, хъыгдзинад æвдисæм, цæмæй уæ бæстæйы уæддæр нæу кæронмæ дзæбæх бавдыст рухсдзыд уагæвæрд ацы кампанийы финансдзинады æмæ æнарæн финансдзинады æрдгæй. Уый цæй зæгъын æй хъæуы, æппæрцагæй æндавы æвзæрстыты рæстагдзинадмæ æмæ дзæбæх сигнал нæ дæтты уæ æмбæсæтгтæн. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, курæг стæм гуырдзиаг политиктæй æмæ ног парламентæй, цæмæй куыд гæнæн ис афтæ рæхджы æрымбырд уой æмæ райдайæт куыст, цæмæй фæхуыздæр кæной закондæттæн фæлгæт, кампанитæм цæстдарынады æрдгæй. Уырнæг дæр, цæмæй цы бахъæуа алцыппæт сырæздзæн, кæд дзы уый политикон фæнд уыдзæн уæд» – райхъусын кодта Тини Кокси.