OSCE -  специалон  координатор – Æвзæрстытæ  уыд  конкурентон æмæ æмтгæй райсгæйæ,  хъахъхъæд уыдысты фундаментон сæрибардзинæдтæ
OSCE - специалон координатор – Æвзæрстытæ уыд конкурентон æмæ æмтгæй райсгæйæ, хъахъхъæд уыдысты фундаментон сæрибардзинæдтæ

Æвзæрстытæ  уыд конкурентон  æмæ æмтгæй райсгæйæ,  фундаментон сæрибардзинæдтæ хæлд нæ уыдысты, – уый фæдыл OSCE-ы специалон  координатор  Элона Джебреа Ходжа райхъусын кодта, кæцы  Гуырдзыстоны, 31  октябры  парламентон æвзæрстытæм дардта  цæст.

Афтæма йæ ныхæстæм  гæсгæ, «Ковид-19»-ы пандемийы  æмæ уырдгæй цæугæ   быцæусидтмæ æнæкæсгæ,  эффективонæй ацыд.

Фæлæ Элона Джебреа  Ходжайы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   уыдис иудадзыг аххосæгтæ, цæмæй  цыдис  æвзæрстгæнджытыл æлхъывд, дырысæй  хицæнгонд нæ уыд   хахх хицаугæнæг  партийы æмæ  паддзахады  æхсæн, кæцы   ацы  процессмæ æхсæнады æууæнк  каддæр  кодта.

«æвзæрстытæ ацыд ног закондæттæн  фæлгæтмæ гæсгæ.  Æвзæрстытæ  æнæхъæнæй  уыдысты эффективон æххæст  «Ковид-19»-ы пандемийы  æмæ   æмбæлгæ  æртъхъирæнмæ æнæкæсгæ.  Фæлæ  æвзарæнон  комисситы   хицаугæнæг партийы  доминантон  минæварад æппæрццаг   бандæвдта  адæймæгты  тæлмæныл, цас рæстаг, хæдбарæй  цыдис  æвзæрстытæ  алы  æмвæзадыл» – райхъусын кодта уый.

Уымæй  уæлдай ма, Элона Джебреа Ходжа  бузныг загъта  Гуырдзыстоны хицауадæн,  кæцы  æхсæнадæмон  цæстдарæгон мисси кæй  фæхуыдта  уый тыххæй.

«Бузныг Гуырдзыстоны  хицауадæн, ардæм нæ  кæй  фæхуыдта, цæмæй  нæ цæст бадардтаиккам ацы æвзæрстытæм.  Фæнды нæ  бузныг зæгъын  Гуырдзыстоны парламентæн, цæмæй  нын баххуыс кодтой  алы   организацион фарстаты, æмæ сæ уазæгуарзондзинады тыххæй.

Фæнды мæ афтæдæр  бузныг зæгъын  нæ гуырдзиаг фысымтæн,  уымæн цæмæй цæстдардлжытæ   кæддæриддæр   уыдаиккой  æдасæй  пандемийы  контексты.  Хъыгагæн мæ коллегæ,  Пиа Каома, кæцы  уыд  делегацийы  къухдариуæггæнæг, абон   ацы  пресс-конефрпенцийы  хайад райсын нæ бафæрæзта»  –  загхта Эллона Джебреа Ходжа.