Евросоветы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны, Украинайы, Эстонийы, Латвийы æмæ Лиетувæйы делегацитæ, Уæрæсейы ныхмæ иумæйаг фидиуæн ахæлиу кодтой
Евросоветы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны, Украинайы, Эстонийы, Латвийы æмæ Лиетувæйы делегацитæ иумæйаг фидиуæн æрцæттæ кодтой. Уый фæдыл информацийы, ассамблейы Украинайы делегацийы къухдариуæггæнæг Елизавета Ясько хъусын кæны.
Украинаг депутат куыд банысан кодта афтæмæй, фондз бæстæйы делегацитæ æрныхас кодтой Евросоветы парламентон ассамблейы иугæндзон къорд «Балтик плюсы» саразын.
Фæнысангонд къорды нысан у, Хъырымы анексийы политикъæ банымайын, Уæрæсейы æрдгæй Хъырымы, Украинайы скæсæн хайы, Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы оккупацийы бафауын у. Яськойы фидиуæнæй, къорды радон фембæлд Киевы ацæудзæн.
«Евросоветы 70-æм азы сæрыл, уынæм, цæмæй ацы институты стандарттæ æмæ аргъдзинæдтæ серьозон тас раз лæууынц, парламентон ассамблейы авторитет та фæлæмæгъ ис», – банысангонд у фондз бæстæйы делегациты иумæйаг фидиуæны.
Фидиуæны мидæг дзырдæуы, цæмæй 70 азы дæргъы, евросовет баиргъæвдта милуангай адæймаджы бартæ æмæ хъæддыхæй сæ сæр хæцыд уыцы хæзнатæн, кæцыты тыххæй дæр сæвзæрд ацы организаци.
«Хъыгагæн 2019 азы июн банысан кæнинаг у æндæр дуг райдаынæй. Сæрды сессийыл Евросоветы парламентон ассамблей райста резолюци, 2 292, кæцымæ гæсгæйæ, æнæдомæнтæй сног кодта Уæрæсейы делгацийæн хъæлæсы бар æмæ æндæр процедурон бартæ. Уымæй евросоветы парламентон ассамблей йæ цæст бацъынд кодта адæймаджы барты хæлдыл, скъæфтытыл, территоритæ æнæзакъонон оккупацийыл æмæ анексийыл, уæнг бæсæты æмбæстæгты æнæзакъонон ахстыл æмæ хæстыл, кæцыйы Уæрæсейы Федераци ацы афонмæ дарддæр кæны йæ сыхæгты ныхмæ»,- дзырдæуы Евросоветы парламентон ассамблейы, Гуырдзыстоны, Украинайы, Эстонийы, Латвийы æмæ Лиетувæйы иумæйаг фидиуæны.
Бынсангонд фидиуæныл, Гуырдзыстоны номæй, йæ къух фыссы, Гуырдзыстоны парламенты сæрадры фыццаг хæдивæг Тамар Чугошвили.
Фондз бæстæйы фидиуæны, афтæдæр дзырдæуы а.х. Хуссар Ирыстоны оккупацион хаххы дæргъмæ Уæрæсейы æрдгæй телтæй æмбондтæ айтындзыныл, афтæдæр оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты, а.х. æвзæрстыты ауадзыныл.
Украинайы делегацийы къухдариуæггæнæджы дзырдæй, Евросовет фесæфта йæ авторитет уæнг бæстæты милуангай æмбæстæгты цæсты.
«Нæ къордмæ мах фæхондзыстæм алкæй, кæмæндæриддæр аргъдзинæдтæ æмæ хæсистытæ сыххæст афтид ныхæстæ не сты», – банысангонд у Елизаветы Яськойы фидиуæны.
Гуырдызстоны , Украинайы æмæ Балтийы бæстæты делегацитæ, 30 сентябры протесты нысанæй, евросоветы парламентон ассамблейы фæззыгон сессийы байгомы хайад нæ райстой.