Евросоветы парламентон ассамблейы фæззыгон сессийыл Гуырдзыстоны евроинтеграцийы фарсхæцæг фидиуæнтæ сырæзт
Евросоветы парламентон ассамблейы фæззыгон сессийыл Гуырдзыстоны Евроинтеграцийы фарасхæцæг фидиуæнтæ сарызтой.
Украинайы парламенты уæнг Сергей Соболев дзырдæй ралæуды рæстæджы куыд райхъусын кодта атæмæй, зæгъгæ нæй гæнæн уый бамбарын, куыд уыдзысты Европæ æмæ Евроцæдис, ахæм бæстæтæй цух, цахæм дæр сты Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæ.
«Нысаниугджын у бамбарæм, цæмæй куыд нæ й гæнæн, куыд уыдзысты Европæ æмæ Евроцæдис ахæм сæрибар нацитæй цух, цахæмдæр сты Балканты бæстæтæ, сæ нымæцы Косово. Уыйимæ зынæмбарæн у куыд уыдзысты Европæ æмæ евроцæдис ахæм бæстæтæй цух, цахæмдæр сты Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстон. Ай тынг дзæбæх фадат у уый ахъуыды кæнынæн, цæмæй иу науы стæм, демократийы науы æмæ ацы нау хъахъхъæд хъуамæ уа, æнæрмæст экономикон методтæй, фæлæ ма æфсæддон методтæй дæр» – райхъусын кодта Сергей Соболев.
Уыимæ Румынийы Социал-Демократон партийы уæнг Титус Колратеану банысан кодта, «Ауæрæхы процесс Евроцæдисæн кæддæриддæр уыдис стыр актив».
«Афтæ уыд Европæйы централон æмæ хурыскæсæны раздæры коммунистон бæстæты цауы, афтæ у ныр дæр æндæр æм æндæр хурыскæсæйнаг партнер бæстæты цауы, цахæмдæр сты Украина, Молдовæ æмæ ныфс мæ ис афæдзы кæронмæ уыдзæн Гуырдзыстон дæр. Уый æнæмæнгæй афтæ хъуамæ уа, фæлæ æнæрмæст европаг перспективæ бацамындæй, фæлæ хъуамæ спайда кæнæм æмбæлгæ ныхæстæй» – банысан кодта Титус Колратеану.
Евросоветы парламентон ассамблейы сессийыл дзырдæй ралæууыд афтæдæр Францы сенаты сенатор, центристон цæдисы къорды уæнг Клод Керни. Уый банысан кодта,ц æмæй ноджы иу хатт хъæддых хъуамæ сбæлвырд уа Европаг перспективæ ныгуылæн балканты бæстæтæн, евроцæдисы уæнгсуæвынимæ баст зындзинæдтæм нæкæсгæйæ.
«Афтæ у Украина, Молдовæ æмæ ныфс дарын иу бон Гуырдзыстонмæ дæр баххæсдзæн, фæлæ уæнгсуæвыны раззаг этап у скуыддзаггæнæг, кæд нæ фæнды, нæхи аиуварс кæнæм нысаниуæгджын системон проблемæтæй евроцæдисы» – райхъусын кодта Клод Керни.