Евросоветы парламентон ассамблейы æмраныхасгæнджытæ Абхазы уагъд а.х. президентон æвзæрстыты фæдыл фидиуæн аразынц
Евросоветы парламентон ассамблейы æмраныхасгæнджытæ Титуш Корлатеану (Румыни) æмæ Кълод Къерн (Франц) Гуырдызстоны регион Абхазы уагъд а.х. президентон æвзæрстыты тыххæй фидиуæн публикаци кæнынц.
«Мах бæлвырд кæнæм æххæст фарсхæцынад Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн æхсæнадæмонæй нымад арæнты. Гуырдзыстоны регион Абхазы 2019 азы 25 августы уагъд а.х. президентон æвзæрстытæ сты æнæзакъонон æмæ æнæлегитимон. Ныры онг куыд банысан кодтам, афтæмæй, а.х. президентон æвзæрстытæ куылымпы кæнынц конфликты сабырадонæй аскуыддзаг æмæ адæмты баиу уыны бæстæ, æрмæст сæ фылдæр хицæн кæнынц кæрæдзийæ. Махæн нæ бон ацы хъуыддаг æрмæстдæр бафауын», – банысангонд у фидиуæны.
Евросоветы парламентон ассамблейы æмраныхасгæнджытæ 2019 азы 17 æмæ 18 сентябры Гуырдзыстонмæ æрцæуын хъавынц. Сæ визит бæстæйы цæстдарæг процедурæты фæлгæтты сæххæст уыдзæн.