Евросоветы парламентон ассамблея хидарæн кодексы хæлды аххосагæй цыппар депутатæн санкцитæ снысан ис

 

Евросоветы парламентон ассамблея хидарæн кодексы хæлды аххосагæй цыппар депутатæн санкцитæ снысан ис

Евросоветы парламентон ассамблея цыппар депутаты ныхмæ санкцитæ снысан кодта. Хъуыдтаг хауы уыцы депутаттæм, кæцыты нæмттæ хæдбар комисы хаццæгы рапаарахат сты.

Документы автортæ парламентон ассамблеайы иуæй иу уæнгы корупцийы аххосджын кæнынц. Фæдагуырдмæ гæсгæ, ныхас цæуы Азербайджаны  хицауадæй гæртам райсты цаутыл.

Европайы советы парламентон ассамблеайы уаг æмæ процедураты комитет сбæлвырд кодта, цæмæй цыппар депутат хидарды уаг фехæлдтой æмæ сæ бартæ рæстæгмæ хъуамæ фæтобæ уой.

Уыдонæн нæ уыдзæн бар уой бæрзонд постытыл, нæ бацæттæ кæндзысты хаццæг æндæр бæстæты уæвæг ситуацийы фæдыл æмæ æвзæрстытæн нæ дардзысты сæ цæст.

Санкцитæ дæс азы æмгъуыдæй снысан сты Европайы парламентон ассамблеайы экс- президент Педро Аграмунтæн. 2 азы мидæг архайдзысты тобæдзинæдтæ румынаг депутат Цезар Флорин Предайы, Азербайджанаг Самад Сеидов æмæ испайнаг Жорди Шукълайы ныхмæ.