Евросоветы конгрессы минæвар – æмтгæй зæгъгæйæ, æвзæрстыты бон уыд сабыр, фæлæ æвзарæнон процессы дзæбæх фæткдæттын у монетæйæн æрмæст йæ иу фарс
Æвзæрстыты бон æмтгæй райсгæйæ уыд сабыр, афтæдæр дзæбæх организацигонд, фæлæ æвзарæнон процесс дзæбæх фæткдæттын у монетæйы æрмæст иу фарс – уый фæдыл Евросоветы конгрессы минæвар Давт Эрей, Европæйы Советы бынæттон æмæ регионон хицаугæнджыты конгрессы цæстдарæг миссийы хатдзæгон конференцийыл райхъусын кодта, кæцы OSCE/ODIHR-ы æмæ Европарламенты делегацийы уæнгтимæ иумæ цæуы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Европæйы Советы бынæттон æмæ регоинон хицауады конгрессы делегаци знон бæстæйы масштабæй йæ цæст дардта æвзæрстытæм æмæ банысан ис, цæмæй ницы карз хæлд нæ уыд хъæлæскæныны рæстæджы.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ «бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстытыл ацыд референдум æмæ бынæттон æвзæрстытæ бааууон кодта æмтгæйон националон политикон ситуаци».
«Ныхас кæнæм æвзæрстыты политикон уавæрыл, махæн конгрессæй нæ бон у хъыгдзинад равдисын уый тыххæй, цæмæй 2021 азы 2 октябр уыж æнæраст фадат Гуырдзыстонæн демократийы æрдгæй. Ацы æвзæрстыты рæстæджы ацыд референдум, фактиконæй ай æппæт бааууон кодта бынæттон быцæусидтытæ. Ацы цауы, бынæттон æвзæрстыты бааууон кодта иумæйаг национ политикон уавæр æмæ уый не мбæлы Гуырдзыстоны цæрджыты интерестæм. Дыууæдæр фарс, хицауад æмæ оппозици дæр бæрнон сты ацы æрдгæй. Дзырдæй агрессийы рæзт, фыдзæрдæдзинады æвзаг æмæ а.х. фек-ньюстæ социалон хызæгты, сты дырыс индикатор, цæмæй ноджы фылдæр саразын æхъуы фидæны уавæр сраст кæнынæн. Поляризацигонд политикон уавæрæн, цæй зæгъын æй хъæуы у йæ бон поляризацидзинады эфект скæнын демократон консолидацидзинады æмæ иудзинадыл. Ныр афон у, баиу уæм конструктивон диалогмæ. Политикон диалог у иунæг фундаментон амал ацы æрдгæй» – райхъусын кодта Девид Эрей.