Европарламенты райхъусын кодтой, цæмæй æрдзырдтой Евроцæдисмæ балц кæнынæн хъæугæ цифрон документы тыххæй
Европарламенты райхъусын кодтой, цæмйæ Евроцæдисмæ балц кæнынæн хæъугæ цифрон документы тыххæй æрныхас кодтой. Бæрæг куыд у афтæмæй, документы лæвæрд уыдзæн информаци цæмй Европæмæ балц кæнын кæй фæнды уыцы гоймаг, вакциниргонд, кæнæ ацыд тестæй иртæст кæнæ та снæниз ис «Ковид-19-æй» фæрычыны фæстæ.
Уæлвæткы хуызæй, Евроцæдисы æмбæстæгтæ цифрон сертификаты уыцы цауы дæр райсдзысты, кæд уыдон ацы домæнтæй сæ иумæ уæддæр сты æмбæлон. Документы райсын сæ бон уыдзæн уыцы адæймæгтæн дæр, кæцытæн вакцинæйы æрмæст иу дозæ у арызт.
Ацы этапыл бæрæг у, цæмæй а.х. цъæх сертификат, кæцы туристтæн Евроцæдисы 27 уæнг бæстæмæ балц кæныны фадат ратдзæн, æрмæст уыцы адæймæгтæм лæвæрд уыдзæн, кæцытæ вакциниргонд сты Европæйы медикаментты агентады сертифициргонд вакцинæтæй. Абоны уавæрæй ахæмтæ сты компани «Pfizer», «Astrazeneca», «Moderna», æмæ «Johnson & Johnson».
Фæлæ евроцæдисы хицæн паддзахадтæн уыдзæн бар, афтæдæр бауадзой бæлцæтты, кæцытæн арызт у æнæниздзинады хъахъхъæнынады æппæтдунеон организацийæ авторизацигонд вакцинæ, сæ нымæцы китайаг «Sinopharm» æмæ «Astrazeneca»-ы индиаг вариант «Ковидшилд».
Бæлццонон документ хуыйндзæн «Евроцæдисы цифрон ковид сертификат».