Европарламенты пленарон сессийы фæлгæтты 9 марты Гуырдзыстоны уæвæг политикон уавæры фæдыл дебаттæ ацæудзæн
Европарламенты пленарон сесси абонæй байгом уыдзæн. Сессийы фæлгæтты 9 марты европарламентартæ дебаттæ ауадздзысты Гуырдзыстоны уæвæг политикон уавæры фæдыл.
Боны фæткы фарст слæууы европаг депутатты инициативæйæ. Гуырдзыстоны фæдыл раныхасгæнæг æддагон æмæ æдасдзинады фарстыты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар, Еврокомиссийы вице-президент Жозеп Борель уыдзæн.
8-11 мартмæ нысангонд европарламенты пленарон сессийы хайадрайсынмæ ацыдис Гуырдзыстны делегаци. Парламенты Европæимæ интеграцийы комитеты сæрдар Мака Бочъоришвилийы фидиуæнæй, еропарламенты зæгъгæ Гуырдзыстоны уæвæг политикон процессты æмæ Европаг Советы президент Шарль Мишелы Гуырдзыстонмæ визиты фæдæыл интерес бæрзонд у. Бочъоришвилийы дзырдæй, гуырпдзаг фарс европаг партнертæн бавдисдзæн объективон сурæт бæстæйы уæвæг политикон уавæрмæ гæсгæ.