Европарламенты йæ фарс рахæцыд Къосовоимæ визалиберализацийы процесс райдаынæн
Европарламенты æмбæстагон сæрибардзинады, расттæрхоны æмæ мидæгон фарстаты комитет, Къосовоимæ визалиберализацийы процесс райдаынæн йæ фарс рахæцыд. Уынаффæйæн схъæлæс кодтой 30 депутат, 10 йæ ныхмæ рацыд, дыууæ та сæхи бауæрдтой.
Куыд æнхъæлынц афтæмæй, Къосовоимæ визелиберализацийы фарстайы, европарламент æркæсдзæн æмæ халæппæрстмæ рахæсдзæн октябры пленарон сессийыл.
Еврокамис, Гуырдзыстонимæ, Украинæимæ æмæ Къосовоимæ æнæвизæ режимы фенцондæр кæныны рекоменадцийæ, нырма ноджы 2015 азы декабры ралæууыд. Фæлæ, Къосовойы цауы, процесс фæкъуылымпы ис.
Еврокамисы 2018 азы июлы райхъусын кодтой, цæмæй Къосово Монтенегроимæ арæны демаркацийы æмæ фыдракæндимæ тохы æрдгæй, нысаниуæгджын прогрессмæ æрхæццæ ис, уый тыххæй дæр, визалиберализацийы процессы райдаын гæнæн ис.