Европарламенты делегацийы къухдариуæггæнæг - дзæбæх уыдаит, Гуырдзыстоны политикон класс йæ хъусдард фылдæр куы раздæхтаит реформæтæм
Гуырдзыстоны социалон-экономикон уавæр æцæгдæр пайдаджын уыдаит, деполяризаци куы уыдаит уæд, куы фæкъаддæр уыдаит – уый фæдыл Европарламенты делегацийы къухдариуæггæнæг, Инесе Вайдере OSCE/ODIHR-ы цæстдарæг миссийыкъухдариуæггæнæгимæ иумæ лæвæрд пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгты бастдзинад дыккаг туры ноджы иу хатт бæлвырд кæны сæ фæндон, хайад райсой уыцы уынаффæты райсты, кæцы æххæссы сæ цæрæнуавæртæм.
Европарламенты делегацийы къухдариуæггæнæгы дзырдæй, Гуырдзыстон номыр фыццаг партнер у Евроцæдисæн æмæ Гуырдзыстоны евроинтеграци æнæфæзилгæ хъуамæ уа.
«Мах скуыддзаггæнæг фæндонæй райстам хайад æвзæрстыты, уымæн æмæ Гуырдзыстон у номыр фыццаг бæрзонддæр партнерты æхсæн Евроцæдисæн. Кусæм сымахимæ евроатлантикон интеграцийы тыххæй, Евроцæдисмæ интеграцийы тыххæй æмæ ацы процесс хъуамæ уа æнæфæзилгæ. Ай æппæт фæстæмæ ма хъуамæ аздæха. Ацы рæстæджы, уæ бæстæйы социлон-экономикон уавæрæн æцæгдæр пайдладжын уыдаит кæд æмæ бантысыдаит деполяризаци, куы фæкъаддæр уыдаит поляризаци уæд. Дзæбæх уыдаит кæд æмæ Гуырдзыстоны политикон класс кæрон скодтаит ацы дих æмæ фылдæр хъусдард йын уыдаит æмкгуыстадмæ, реформæтæм. Экономикон хицаудзинад нырмадæр бæрæг къухты у концентриргонд. Европарламент лæмбынæг йæ хъус дардзæн Гуырдзыстоны хицауады æрдгæй æхсæнадæмон цæстдарæг миссийы лæвæрд рекомендациты сыххæстмæ. Ноджы иу хатт дзурын, æххæстæй сæ фарс хæцæм Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æмæ Евроцæдис-Гуырдзыстоны ахастытæн» – райхъусын кодта Европарламенты делегацийы къухдариуæггæнæг.