Европарламентариты къорд – фæнды нæ банымайын уый, цæмæй Гуырдзыстон,Евроцæдисы нысаниуæгджын партнер, 2 октябры ауагъдта, конкурентхъом æмæ дзæбæх организацигонд бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстытæ
Фæнды нæ сразы банымайын ома Гуырдзыстон, Евроцæдисы нысаниуæгджын партнер 2 октябры конкурентхъом æмæ дзæбæх организацигонд æвзæрстытæ ауагъдта, – уый тыххæй, , Гуырдзыстоны ацæугæ бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты фыццаг туры фæдыл европарламентариты балы ахæлиугонд фидиуæны дзырдæуы.
Европарламентариты аргълæвæрдæй æвзæрстытæ зæгъгæ лæмбынæг хуыздæр барадон фæлгæтты ацыд.
«Нæ зæрдыл дарæм ЦÆК-ы публикацигонд фæстиуджытæ, кæцытæм гæсгæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» кандидаттæ, хъæлæсты 46,6% æрымбырд кодтой æмæ 43% барьерæй ахызтысты, науæд та Евроцæдисы æхсæны бацыды фæрцы ист 19 апрелы бадзырдмæ гæсгæйæ, æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ снысан уыдаиккой.
Хъæлæскæныны бон сæрфадджын æмæ æргомæй ацыд, процессы рæстæджы бæрæг процедурон проблемæтæм нæкæсгæ», – дзырдæуы фидиуæны.
Афтæма дзырдæуы, цæмæй разæвзарæнон кампани политикон æмæ медиа æрдзы ныттынггонд поляризацийæ хицæн кодта, кæцы европарламенты аргълæвæрдæй, хицæн цауты вербалон, кæнæ физикон конфронтацимæ иу арæйзтис.
Европарламент æвзæрстыты дыккаг туры размæ политикон партитæм сиды, ома партийы интерестæй бæрзонддæр сæвæрæт бæстæйы интерес.
«Æвзæрстыты дыккаг туры размæ, сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ æмæ политикон партитæм, кæрон скæнæт фыдвæнд пайда кæныны цаутæ, кæцы фыццаг туры размæ сфиксир ис. Æмæ фæстаг, фæлæ афтæдæр нысаниуæгджын у уый, цæмæй ныфс дарæм, политикон класс бæрн æмæ хъаомылдзинад равдисдзæни. Уыдон партийы интерестæй бæрзонддæр хъуамæ сæвæрæт бæстæйы интерестæ, быцæудзинады сыфтæр аивæт иу хатт æмæ æнусмæ, æмæ тынг хъæугæ реформæтæ сыххæст кæнæт.
Европарламент цæттæ у, Гуырдзыстоны парламентимæ æнгом æмгуыстад адарддæр кæна, уый нымæцы демократийæн фарсхæцæг куысты æрдгæй, уыцы бадзырдæй, ома нæ гуырдзиаг коллегæтæ цæттæдзинад равдисдзысты конструктивонæй баиу уой ахæм куыстмæ», – банысангонд у фидиуæны.
Фидиуæныл къух æвæрынц: Кавказы фарстæты делегацийы къухдариуæггæнæг Марина Кальюранд, Гуырдзыстоны фарстатыл раныхасгæнæг европарламентари Свен Миксер æмæ европарламентари Виола фон Крамон.