Европарламентариты  къорд – фæнды  нæ банымайын уый, цæмæй  Гуырдзыстон,Евроцæдисы нысаниуæгджын партнер, 2 октябры ауагъдта, конкурентхъом  æмæ  дзæбæх организацигонд бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстытæ
Европарламентариты къорд – фæнды нæ банымайын уый, цæмæй Гуырдзыстон,Евроцæдисы нысаниуæгджын партнер, 2 октябры ауагъдта, конкурентхъом æмæ дзæбæх организацигонд бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстытæ

Фæнды нæ  сразы  банымайын ома Гуырдзыстон, Евроцæдисы  нысаниуæгджын партнер  2  октябры  конкурентхъом  æмæ  дзæбæх организацигонд  æвзæрстытæ  ауагъдта, –  уый тыххæй, , Гуырдзыстоны  ацæугæ бынæттон хæдуынаффæйы  æвзæрстыты фыццаг туры фæдыл европарламентариты  балы ахæлиугонд  фидиуæны дзырдæуы.

Европарламентариты  аргълæвæрдæй   æвзæрстытæ  зæгъгæ  лæмбынæг  хуыздæр  барадон  фæлгæтты   ацыд.

«Нæ  зæрдыл дарæм  ЦÆК-ы   публикацигонд   фæстиуджытæ, кæцытæм гæсгæ «Гуырдзиаг Бæллиццы»  кандидаттæ, хъæлæсты  46,6% æрымбырд кодтой æмæ   43% барьерæй  ахызтысты, науæд  та   Евроцæдисы  æхсæны бацыды фæрцы   ист 19  апрелы бадзырдмæ  гæсгæйæ,   æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстытæ снысан уыдаиккой.

Хъæлæскæныны бон сæрфадджын æмæ æргомæй  ацыд, процессы  рæстæджы  бæрæг процедурон  проблемæтæм нæкæсгæ», –   дзырдæуы   фидиуæны.

Афтæма  дзырдæуы,  цæмæй  разæвзарæнон кампани  политикон æмæ  медиа æрдзы  ныттынггонд  поляризацийæ  хицæн кодта, кæцы  европарламенты  аргълæвæрдæй,  хицæн цауты  вербалон, кæнæ физикон   конфронтацимæ иу  арæйзтис.

Европарламент æвзæрстыты дыккаг туры размæ  политикон партитæм   сиды,  ома партийы  интерестæй  бæрзонддæр сæвæрæт  бæстæйы  интерес.

«Æвзæрстыты дыккаг туры размæ, сидæм  Гуырдзыстоны  хицауадмæ æмæ   политикон партитæм,  кæрон скæнæт  фыдвæнд пайда кæныны   цаутæ,   кæцы фыццаг туры размæ   сфиксир ис. Æмæ  фæстаг,  фæлæ   афтæдæр  нысаниуæгджын у уый,  цæмæй  ныфс дарæм,  политикон класс  бæрн æмæ  хъаомылдзинад   равдисдзæни.  Уыдон партийы  интерестæй  бæрзонддæр хъуамæ сæвæрæт  бæстæйы   интерестæ,  быцæудзинады сыфтæр  аивæт  иу хатт æмæ æнусмæ,  æмæ  тынг хъæугæ  реформæтæ сыххæст кæнæт.

Европарламент цæттæ у, Гуырдзыстоны парламентимæ  æнгом æмгуыстад адарддæр кæна, уый нымæцы  демократийæн фарсхæцæг  куысты  æрдгæй,  уыцы   бадзырдæй,  ома нæ  гуырдзиаг коллегæтæ  цæттæдзинад равдисдзысты   конструктивонæй  баиу  уой  ахæм куыстмæ», – банысангонд у  фидиуæны.

Фидиуæныл къух æвæрынц: Кавказы фарстæты  делегацийы  къухдариуæггæнæг   Марина Кальюранд, Гуырдзыстоны фарстатыл  раныхасгæнæг  европарламентари  Свен Миксер  æмæ  европарламентари Виола фон Крамон.