Европарламентари æрсидтис Уæрæсемæ, Абхаз æмæ Цхинвалы регионы банымад аивынмæ
Европарламентари æрсидтис Уæрæсемæ, Абхаз æмæ Цхинвалы регионы банымад аивынмæ

Европарламентари  Марина Кальюранд  æрсидтис  Уæрæсемæ,  аива Абхаз æмæ  Цхинвалы регионы  банымад  æмæ сифтонг кæна бынатыл  Евроцæдисы  цæстдарæг  миссийы  куыст.

Гуырдзыстон-Уæрæсейы 2008 азы  хæстыл  Адæймаджы Барты  Тæрхондоны  уынаффæйы фæдыл  Европарламенты  Хуссар Кавказимæ ахастыты  делегацийы  къухдариуæггæнæг  фидиуæн ахæлиу кодта.

Фидиуæны  мидæг дзырдæуы,  цæмæй   Страсбургы Тæрхондоны  уынаффæйæ бæлвырд у, цæмæй  Уæрæсейы  Федераци  æххæст кæны иугæндзойнон  æмæ эффективон  контроль  Абхаз æмæ  Цхинвалы  регионы/Хуссар Ирыстоны  2008 азы 12  августæй æмæ Уæрæсейы  æрдгæй  банымад аивадæй, этникон гуырдзиаг цæрджытæн, сæрмагонд хæдзæрттæм æрыздæхыны фадат фæзындзæнис.

«Европарламент æнæиу хатт куыд райхъусын кодта, афтæмæй,  Уæрæсейы Федераци  хъуамæ сæххæст кæна  сæрмагонд æхсæнадæмон хæсистытæ  æмæ аива Абхазы æмæ Цхинвалы  регионы/Хуссар Ирыстоны   банымад.  Эффективон  контрольæххæстгæнæг тыхмæ куыд æмбæлы афтæмæй,   уый хъуамæ  Гуырдзыстоны сифтонг кæна  Евроцæдисы  цæстдарæг миссийы (EUMM) бацыд  оккупацигонд регионтæм, Евроцæдисы æхсæнбацыдæй  къухбафыст  æхсæзпунктджын  бадзырдмæ æмбæлгæйæ,  кæцыйы  фæрцы  фæцис  хæст», – дзырдæуы  Марина Кальюранды фидиуæны.