Европарламентар Гуырдзыстоны политикон тыхтæм æрсидтис компромиссмæ
Гуырдзыстоны премьер-министрæн бауынаффæ кодтон, ссарæт компромисс оппозицион змæлдимæ афтæ, цæмæй Кристиан Даниелсоны æмæ Европаг Советы президенты, Шарль Мишелы мисси æнтыстджын уа, – уый фæдыл евродепутат Марина Кальюранд Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ фембæлды фæстæ фехъусын кодта.
«Уый у иттæг нысаниуæгджын евроцæдисæн, гуырдзиаг адæмæн æмæ сегасдæр сæйраг – Гуырдзыстонæн. Гуырдзиаг адæм тынг дырысæй равдыстой сæрмагонд позици, цæмæй сæ фæнды Евроцæдисы, хæстæгдæр ахастытæ Европæимæ æмæ евроаталнатикон цæдистæ стынг кæнын. Уымæ гæсгæ дæр, партитæ сæрмагонд интерестæй бæрзонддæр хъуамæ дарой адæмы интерес. Нырыккон уавæр у фадæтты рудзынг, уымæн æмæ европаг советы президент йæхæдæг у баст процессы. Йæ медиаци у ног фадæттæ. Уый адыл уæ курæг дæн спайда дзы кæнут ацы фадæттæй. Байхъусут кæрæдзимæ æмæ саразут къахдзæфтæ, кæцы гæнæн ис абон популярон ма уа, фæлæ æмбæлгæ сты адæмы интерестæм», – райхуъсын кодта Кальюранд.