Европарламент сбæлвырд кодта резолюци, кæцы Евроцæдис æмæ НАТО-ы æмгуыстадмæ æххæссы, документы ис ныхас Гуырдзыстоны фæдыл дæр
Европарламент сфидар кодта резолюци, кæцы евроцæдисы æмæ НАТО-йы æмгустадмæ æххæссы. Документы ис Гуырдзыстоны кой дæр. Сæрмагондæй та, евродепутаттæ сидынц Евроцæдисы æмæ НАТО-йы уæнг паддзахадтæм, алы гæнæн амæлттæй рахæцæт йæ фарс æфсæддон æмæ æдасдзинады фарстæты æмгуыстад стынг кæнынæн Евроцæдисмæ кандидат æмæ потенцион кандидат паддзахадтимæ, афтæ куыд хурыскæсæны æмæ хуссар сыхы уæвæг партнертимæ.
«Æнæуый регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад ифтонггонд нæ уыдзæн. Евроцæдисæн йæ бон у нысаниуæгджын роль сыххæст кæнын НАТО-ы гом дуары политикæйæн фарсхæцыны, куындæг политикон æмæ операцион æмархайд химæ ниууадзын аспирант бæстæтимæ, сæрмагондæй та Босниа æмæ Герцоговина, Украина, Гуырдзыстонимæ, хахх кæнæм НАТО-ы партнер бæстæтæ Евроатилантикон æдадзсинадмæ цы егъау хайбавæрд скодтой уый», – дзырдæуы резолюцийы.
Ацы резолюцийы Евродепутаттæ ноджы иу хатт фиксир кæнынц Евроцæдисы æмæ НАТО-йы ауæрæхимæ разыдзинад . Ацы рæстæджы европарламентартæ мæстыдзинад æвдисынц, Уæрæсейы æмæ сæрмагондæй президент Владимир Путины «ревизионистон, милитаристон æмæ агрессивон» политикæйы тыххæй.
«Курæг стæм Евроцæдисы æмæ НАТО-йæ, ауæрæхдæр кæнæт æмкуыстад, цæмæй йæ ныхмæ слæууæт Уæрæсейы комкоммæ кæнæ фæрссаг агрессийæн æмæ активондзинæдтæ, кæцы здæхт сты Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы ныхмæ, афтæма Уæрæсейы агрессивон активондзинад Балтийы æмæ Сау Денджызты регионты, хурыскæсæн Зæххастæу денджызгæрон. Ноджы иу хатт хахх кæнæм Уæрæсейы сыхаг паддзахадты æхсæнадæмон арæнты æмæ территорион æнæхъæндзинадæн цыты нысаниуæг», – дзырдæуы резолюцийы.