«Европаг Гуырдзыстон» нæ бацæудзæн парламентмæ æмæ нæ райсдзæн хайад æвзæрстыты дыккаг туры
«Европаг Гуырдзыстон» парламентмæ бацæуын æмæ æвзæрстыты дыккаг туры хайад нæ исдзæн, – уый фæдыл консультациты фæстæ лæвæрд абоны брифингыл «Европаг Гуырдзыстоны» иуæй-иу лидер Давит Бакрадзе райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм æгсгæ, 2020 азы 31 октябры æвзæрстытæ нæ уыд сæрибар, рæстаг æмæ не вдисынц адæмы фæнд.
«Фæуынаффæ кодтам æмæ æмуд уынаффæ рахастам. «Европаг Гуырдзыстон» нæ бацæудзæн парламентмæ, кæцыйы сывзарыны легитимондзинад дæр нæ банымайдзыстæм. Дзурæм «Нæ» дыккаг туры хайад райсыныл», – фехъусын кодта Бакрадзе.