Европæйы Советы министрты комитет депортацигондты хъуыддагыл Уæрæсейæн хæслæвæрд сыххæст кæнынæн кæройнаг æмгъуыд сбæрæг кодта
Европæйы советы министрты комитет, кæцы адæймаджы барты еропаг тæрхондоны уынаффæтæ сæххæсты цæстдарæг у, 2021 азы 7-9 июны рабадтыл депортацигондты хъуыддаджы сыххæсты процессæн аргъ скодта æмæ уынаффæ рахаста.
Юстицийы министрады информацийæ, уынаффæмæ гæсгæйæ, комитет Уæрæсейæн сбæрæг кодта кæройнаг æмгъуыд, цæугæ азы 6 сентябр, цæмæй ацы æмгъуыдмæ сæххæст уа компенсацийы бафыст комкоммæ Гуырдзыстоны хицауадæн (цæмæй зианбазарджытæ райуæрст уа), кæнæ Уæрæсейæ къухдбафыст уа меморандум, цæмæй гæнæн бауа компенсацийы бафидын Европæйы Советы фæрцы.
«Страсбургы тæрхондоны стыр палатæ а.х. депортацигондты хъуыддагыл уынаффæ 222019 азы 31 январы рахаста. Уынаффæмæ гæсгæйæ, Уæрæсе хæсджын у, Гуырдзыстоны падздахадæн, куыд хъастгæнæг фарсæн, бафида 10 милуан Евройы бæрц моралон компенсаци уыцы зианбаййафджытæн байуарынæн, кæцытæ 2006 азы фæззæджы Уæрæсейы Федерацийæ массон депортацийы æмæ адæймаджы барты гуырымыхъхъ хæлды амæттаг фесты» – хъусын кæнынц юстицийы министрады.