Европæйы италиаг мафийы ныхмæ масштабон спецопераци ауагъдтой

Европæйы  италиаг  мафийы уæнгты  ныхмæ  масштабон   спецопераци  ауагъдтой.   Ныгуылæйнаг   медиафæрæзтæ  куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,  ахст у  калабрийаг  мафиозон  къорд «Ндрангетайы»  дæсгай  уæнгы.

Рейдты ауагъдтой  Италийы,   Германийы,   Бельгий æмæ Нидерландты.  Ахстгондты азылынджын кæнынц, наркотиктæй базарады, æхца  ссурс кæныны  æмæ   æндæр  фыдракæндты.

Нидерландты  полицийы   хъусинагæй,  ист æрцыд  2  милуан  доллары  бæрц æхца, афтæдæр  наркотикон фæрæзтæ.  Сæ нымæцы   экстази æмæ кокаин.

Германийы полици  65  хæдзар баджигул кодта.  Барадхъахъъхæнджытæ бацыдысты  ресторантæм  æмæ æндæр уагдæттæм.

Спецлпераци  Европæйы   уый фæстæ  ауагъдтой,   знон  италиаг  полици  сицилиаг  мафийы  сæргълæууæгы  куы æрцахста.