«Евроньюс» - Европарламенты æвзæрстыты историйы фыццаг хатт, дыууæ сæйраг къордмæ коалицийы формирдзинадæн хъæугæ фылдæры хай нæ уыдзæн
Европарламенты æвзæрстыты историйы фыццаг хатт, дыууæ сæйраг къорд «Социалисттæ æмæ Демократтæ» æмæ «Европæйы Адæмон Парти» коалицийы формирдзинадæн хъæугæ фылдæры хай нæ райсдзысты. Развæлгъау аргълæвæрдыл æнцойæ, информаци хæлиу кæны «Евроньюс».
Евроцæдисы бæстæты цæрджыты активондзинады æмтгæйон æвдисæг, 51 процент уыд.
Германийы æмæ Ирландийы бæрæггæнæнтыл æнцойæ, европарламенты ног сконды, фидар позицитæ уыдзæн Цъæхты Партимæ.
Евроньюс фыссы, цæмæй Евроцæдисы ног парламенты, либералон къорд «Алде» уыдзæн сеппæтæй фидардæр дæр политикъон ахадæг.
Европарламенты æвзæрстытыл схъæлæс кæныны фæстиуджытæ цæлдæр бæстæйы бæрæг сты. Эгзитполтæм гæсгæ, Францы, Европарламенты æвзæрстыты лидер у Марин Ле Пены партий. Европарламенты бынæттæ райстой Каталонийы сепаратист лидертæ.