Евронесты парламентон ассамблей, Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы Евроцæдисы уæнгсуæвыны фарсхæцæг резолюци райста
Евронесты парламентон ассамблей Молдовæйы уагъд сессийыл Гуырдзыстоны, Украина æмæ Молдовæйы Евроцæдисы уæнгсуæвыны, фарсдарыны фæдыл резолюци райста.
Ассамблей райы Еврокомиссийы 2022 азы 23 июны, ист историон уынаффæйæ, Украина æмæ Молдовæйæн Евроцæдисы кандидат бæстæты статус раттыны фæдыл æмæ хаххгонд банысангонд у, цæмæй æртæдæр бæстæ сты Евроцæдисы ауæрæхы политикæйы хай.
Евронесты парламентон ассамблей сиды Уæрæсейы Федерацимæ, æнæаргъæвгæйæ банцайын кæна æфсæддон архæйдтытæ Украинайы æмæ скад кæнæт Гуырдзыстоны, Украина æмæ Молдовæйы территорион æнæхъæндзинадæн, кæцы асхджиаг у Европаг æдасдзинад сфидар кæнынæн.
«Абон хурыскæсæн партнерады регионы ног реалондзинад ис. Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Украинайæн ис Евроцæдисы уæнгсуæвыны перспективæ æмæ нысаниуæгджын у архайадон къахдзæфтæ саразын æртæдæр бæстæйы Евроцæдисы уæнгсуæвыны нысанæн. Растдæр уый тыххæй парламентон ассамблей дырыс хъуамæ рахæца йæ фарс ацы процессæн æмæ Гуырдзыстон, Молодовæ æмæ Украинайы Евроцæдисы уæнгсуæвынæн», – райхъусын кодта Европæимæ интеграцийы комитеты сæрдар Мака Бочъоришвили резолюцийы проекты бавдисыны рæстæджы.
Евронесты парламентон ассамблей нымадмæ исы уыцы хайбавæрд, кæцыйы Гуырдзыстоны, Украинайы æмæ Молдовæйы Республикæйы Евроцæдисы иумæйаг æдасдзинады æмæ дзæбæхдзинады æрдгæй хæссынц æмæ хахх кæны æртæдæр бæстæйы Евроцæдисмæ интеграцийы нысаниуæг регионы стабилондзинады æмæ æдасдзинад сифтонг кæнынæн, сиды Евроцæдисы уæнг паддзахадтæм, сæ къух раттæт Евроцæдисы ауæрæхы процессæн æмæ саразæт конкретон къахдзæфтæ ацы æрдæмадæй.
Евронесты парламентон ассамблей 2023 азы 19-21 февралы Кишиневы ацыд, кæцыйы европарламенты уæнгтимæ иумæ, Азербайджаны, Молдовæйы, Гуырдзыстоны, Сомихыстоны æмæ Украинайы парламенты уæнгтæ истой хайад.
Гуырдзыстоны парламентæй асамблейы куысты хайад истой, делегацийы къухдариуæггæнæг Мака Бочъоришвили, депутаттæ – Михеил Сарджвеладзе, Майя Битадзе, Леван Карумидзе, Гиорги Хелашвили æмæ Гиорги Вашадзе.
Информаци публикаци кæны Гуырдзыстоны парламенты пресскуыст.