Еврокомиссийы президент – Белорусы режимы мæстыгæнæг æмæ æнæзакъонон архæйдтытæн уыдзæн фæстиуæг
Евроцæдисы президент Урсула фон дер Лайен Минскы оппозицион ахастдарæг журналисты Роман Протасевичы æрцахсты кой кæны социалон хызаг «Твиттеры».
«Белорусы режимы мæстыгæнæг æмæ æнæзаконон архæйдтытæн уыдзæн сæ фæстиуджытæ. «Райанэары» хæдтæхæгы аскъæфыныл бæрнон уæнгтæ æфхæрд хъуамæ æрцæуæд. Журналист Роман Протасевич æнæаргъæвгæйæ хъуамæ ссæрибар уа. Еврокомисси сом æркæсдзæн архайадон мадзæлттæ» – фыссы Урсула фон дер Лайен.
Минскы оппозицион ахастдарæг журналист Роман Протесевичы 23 майы æрцахстой. Уыйы Белорусы хицауад аххосджын кæны массон змæстытæ организацидзинады.
Протасевич авиакомпани «Райянэары» хæдтæхæгæй Афинæтæй Вильнюсмæ фæцæйтахтис, фæлæ борты рæмудзæн гарзæгы фæдыл хъусинагы тыххæй, хæдтæхæг аварионæй сбадтис Минскы аэропорты, цы ран уыйы барадхъахъъхæнджытæ æрцахстой. Йæхæдæг Роман Протасевич рейсы размæ хъусын кодта, цæмæй аэропорты йыл цыдис цæстдард æмæ йæ паспорт æмæ документтæн къам айсын дæр архайдтой.
Роман Протасевичмæ Белорусы 15 азы онг ахстæй æфхæрд æртъхъирæн кæны.