Еврокомиссар Оливер Вархей Гуырдзыстоны фæдыл дзырдæй раныхас бавдыста
Ауæрæхы фарстаты Еврокомиссар Оливер Вархей Стокгольмы евроцæдисы Европæйы фарстаты министрты æнæформалон фембæлды фæстæ дзырдæй раныхас бавдыста.
Вархей куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстон æххæстæй сыххæст кодта æртæ рекомендаци, сæрмагондæй та – гендерон æмсæрад æмæ сылгоймæгты ныхмæ тыхмидзинады фæдыл; адæймаджы барты фæдыл Европаг тæрхондоны уынаффæтæ зæрыл бадарыл тæрхонон касты рæстæджы; адæмон хъахъхъæнæджы æргом процессæй снысан кæнын.
Уыимæ Вархейы дзырдæй, ноджы авд рекомендацийы сыххæст æрдгæй, ис бæрæг прогресс. Йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны ма хъæуы ноджы къахдзæфтæ саразын.
«Гуырдзыстон хъуамæ сифтонг кæна парламентмæ эффективон цæстдарынад æмæ кæрон скæна тызмæг риторикæ æмæ цыт кæнæт раздæры политикон бадзырдтæн, сæрмагондæй та, Евроцæдисы æхсæны бацыдæй цы бадзырд уымд уымæн – 19 апрелы бадзырд. Дыккаг къахдзæф – падзахадон институтты æххæстæй куыст æмæ æвзарæнон фæлгæты дарддæры фæхуыздæр кæнын. Хицауад райста хицауадон администрирдзинады реформæйы стратеги æмæ архайадон план., æвзарæнон кодекс, закъоны сыххæст ис ивддзинæдтæ политикон баиу кæныны фæдыл, Венецийы Комиссийы æмæ ODIHR рекомендацитæм æмбæлондзинады тыххæй, фæлæ Гуырдзыстон хъуамæ фæхуыздæр кæна парламентон контроль, цæмæй адекватонæй равзара æвзарæнон хæлдтытимæ баст аххосæгтæ, куыд уыд ODIHR-ы хыгъдлæвæрд у бавдыст афтæ.
Гуырдзыстон фæстæмæ хъуамæ асида æвзарæнон ивддзинæдтæ, кæцы централон æвзæрстгæнæн комиссийы сæрдар снысан кæнынмæ æххæссы. Æртыккаг къахдзæф – инклюзивон æмæ эффективон тæрхонон реформæ, уый нымæцы юстицийы бæрхонддæр совет. Гуырдзыстон хъуамæ бавдисæт ивддзинæдьæ расттæрхоны реформæйы фæдыл Венецийы Комиссийы дыккаг хъуыдымæ æмбæлгæйæ, райсæт расттæрхоны бирæ уæрæхдæр реформæ, сæрмагондæй, юстицийы бæрзонддæр советы. Æмæ фæстагмæ снысан кæнæт æнæтæрхонгæнæг уæнгты юстицийы бæрзонддæр советы. Цыппæрæм пункты тыххæй та – ног антикоррупцион бюро бындурæвæрд æрцыд уый тыххæй, цæмæй Гуырдзыстон æххæстæй сдзуапп кæна ацы пунктæн, хъæуы уый сифтонг кæнын, цæмæй бюро куса хæдбарæй æмæ закъонопроектмæ гæсгæйæ æрцæуа консультацитæ Венецийы Комиссиимæ. Курæг стæм Гуырдзыстонæй, æркæсæт уынаффæмæ экономикон æмгуыстады æмæ рæзынады органищацийы антикоррупцион бюройæ рацæуыны фæдыл. Æхсæзæм пункт – организацион фыдракæнды фæдыл, Гуырдзыстон стынг кодта ахастытæ «Европолимæ» æмæ уæнг паддзахадтимæ. Ныр Гуырдзыстоны хæъуы, цæмæй сыххæст кæнв Европаг Советы алы рекомендаци. Æстæм – адæймæгты æмæ вазыгджын уавæры уæвæг къордты барты хъахъхъæд. Гуырдзыстон хъуамæ сифтонг кæна, цæмæй адæймаджы барты архайадон планы стратеги æрцæттæ кæна инклюзивон фæндагæй, сифтонг кæна , цæмæй ЛГБТКИ дзыллæй уæнгты æмбырд æмæ дзырды сæрибардзинад. Дæсæм пункт – æмбæстагон дзыллæйы бастдзинад уынаффæтæ райсты процессы алы æмвæзадыл. Гуырдзыстоны хъæуы контруктивон диалогы сног кæнын æмбæстагон дзыллæимæ æмæ сыххæст кæна реглярон æмæ æргом консультаитæ.
Ныр та деолигархизацийы тыххæй, Гуырдзыстон баххæссыд арæнгондпрогрессмæ. Ацы æрдæмадæй Венецийы Комисси фæстаг хатдзæджы загъта, цæмæй закъонопроекты ма хуъамæ райсой ацы формæйæ æмæ уый фæдыл мæ фæнды раппæлын цалдæр боны размæ хицаугæнæг партийы фидиуæнæй, ома ацы закъонопроект ист не рцæудзæн. Ныр Гуырдзыстон хъуамæ æрымбырд кæна йæ тыхтæ системон балæуд бакусыныл, Венецийы Комиссийы рекомендацитæм гæсгæйæ, уый нымæцы конкуренцийы политикæйы æмæ политикон партиты финансдзинады уагæвæрд стынг кæнынæй. Æмæ фæстаг, медиаплюрализм æмæ медиа хицæутты ныхмæ тугтæрхоны барады процедурæтæ. Гуырдзыстон ацы къахдзæфы сыххæсты æнтыстджын нæу. Гуырдзыстоны хъæуынц барастытæ закъоны уацхæссынады фæдыл Европаг Советы рекомендацитæм гæсгæйæ, æмæ сифтонг кæнын журналистты æдасдзинад æмæ афтæдæр сбæрзонддæр кæнын журналистты æмæ медиа-хицæутты сæрибардзинад хъахъхъæд», – райхъусын кодта Оливер Вархей.