Еврокомиссар Оливер Вархей Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæдыл куырдиатыл фарстаты æмбырдгонд абон ратдзæн
Сыхагон æмæ ауæрæхы фарстаты еврокомиссар Оливер Вархей Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн Евроцæдисы уæнгдзинады куырдиатимæ баст фарстаты æмбыргонд 11 апрелы ратдзæн.
Еврокомиссар куыд райхъусын кодта афтæмæй, дзуапп баххуыс уыдзæн Еврокомиссийæн æрцæттæ кæна хъуыдытæ Евроцæдисы арызт фидиуæнты фæдыл.
«Президент фон дер Лайен фарстаты æмбырдгонд Украинамæ знон адæтта, æз та къуырисæры ратдзынæн Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн. Дзуапп баххуыс уыдзæн Еврокомисиийæн, цæмæй æрцæттæ кæна хъуыдытæ æртæ бæстæйæ Евроцæдисы арызт куырдиæтты фæдыл, Евроцæдисы совет куыд домы афтæ» – банысан кодта Оливер Вархей.