Еврокомиссар  Оливер Вархей  Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн  Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæдыл куырдиатыл  фарстаты æмбырдгонд  абон ратдзæн
Еврокомиссар Оливер Вархей Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæдыл куырдиатыл фарстаты æмбырдгонд абон ратдзæн

Сыхагон  æмæ ауæрæхы фарстаты  еврокомиссар  Оливер Вархей  Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн  Евроцæдисы  уæнгдзинады куырдиатимæ  баст фарстаты æмбыргонд 11  апрелы ратдзæн.

Еврокомиссар куыд райхъусын кодта афтæмæй,   дзуапп  баххуыс уыдзæн  Еврокомиссийæн  æрцæттæ кæна  хъуыдытæ  Евроцæдисы арызт фидиуæнты фæдыл.

«Президент фон дер Лайен   фарстаты  æмбырдгонд Украинамæ  знон адæтта, æз та  къуырисæры  ратдзынæн Гуырдзыстон æмæ  Молдовæйæн. Дзуапп  баххуыс  уыдзæн   Еврокомисиийæн, цæмæй æрцæттæ кæна  хъуыдытæ  æртæ бæстæйæ Евроцæдисы арызт куырдиæтты фæдыл, Евроцæдисы  совет куыд домы афтæ» –   банысан кодта Оливер Вархей.