Еврокомиссар Янез Ленарчич – сидын Гуырдзыстоны политикон лидертæм, фæстæмæ ахæссæд æргомдзинады фæдыл закъонопроект, уый иумæнæбадгæ у Евроцæдисы номæтимæ æмæ хæзнатимæ
Сидын Гуырдзыстоны политикон лидертæм, фæстæмæ асидæт закъонопроект, афтæ куыд уый фарон æрцыд. Бæрæг у, цæмæй ацы закъондæттынад иумæнæбадгæ у Евроцæдисы нормæтимæ æмæ хæзнатимæ, – уый фæдыл кризисты фæткдæттыны фарстаты еврокомиссар, Янез Ленарчич Европарламенты цæугæ дебатты рæстæджы, «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроектыл Еврокомиссийы позицийы бавдисыны рæстæджы райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ кæд фæнысангонд закъон уыдзæн ист, уый азар æрхæсдзæн Гуырдзыстоны прогрессæн Евроцæдисы фæндагыл.
«Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн ис фидн Евроцæдисы. Кандидаты статус, кæцыйы Гуырдзыстон ивгъуыд азы декабры райста, нæ ахастытæ афтæ рыввахс кодта, куыд никуы уæдмæ. Нæ дуар гом у. Афтæмæй, æз сидын гуырдзиаг лидертæм, саразæт уый, цæй саразын сæ домынц æмбæстæгтæ, ма фæзилын кæнæд Гуырдзыстоны Евроцæдисы фæндагæй – райхъусын кодта еврокомиссар.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ æмбæстагон дзыллæйы æмæ медиорганизациты куыст цæрынæн ахсджиаг у кæцыфæнды демократийæн.
Янез Ленарчич куыд банысан кодта афтæмæй, æргомдзинад ма хъуамæ уа æмбæстагон дзыллæйы сæрибарæй оперирдзинады куылымпыгæнæг инструментæй.
«Ауæрæхы хыгълæвæрды Еврокомисси бахахх кодта уыцы куыст, кæцыйы Гуырдзыстон хъуамæ сыххæст кæна, сæрмагондæй та фараст къахдзæф. Евроцæдисы кандидат бæстæмæ куыд æмбæлы, афтæ æнхъæл стæм, цæмæй Гуырдзыстон æмбæлондзинадмæ æрцæудзæн Коппенгагены критеритæм, кæцы спецификонæй домы демократийы принципты, закъоны сæйрагдзинады æмæ адæймаджы барты хъахъхъæд. Ацы сферæйы æрмæст архайæг æмæ æнæфæзилгæ процесс сбæрæг кæндзæн Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæдыл бадзырдты райдаын æмæ ацы бадзырдты темп. Евроцæдис сиды гуырдзиаг лидертæм, йæ къух саразæт националон консенсуссæн Евроцæдисы уæнгсуæвыны нысаны алыварс. Алы политикæн сæйраг у, фæкъаддæр кæнæд поляризаци, позитивонæй æмæ конституционæй æмкуыст кæнæт кæрæдзиимæ æмæ æмбæстагон дзыллæйимæ. Евроцæдисы ауæрæх у æнтыстджын, ацы нысанæн куы тох кæны æнæхъæн бæстæ. Уый афтæдæр у кæцыфæнды бæстæйы стратегион æвзæрст, кæцы ахицæн кæндзæн, ацы фæндагыл слæууын. Уый у хæсист, æмбынатин суа æнæрмæст нæ нормæтимæ, фæлæ ма нæ хæзнатимæ», – райхъусын кодта еврокомиссар.