Еврокамисы президенты постмæ сывзæрстой Урсула фон Дер Лейены. Немыцаг политикъы хъуыдис 747 бынатджын европарламентмæ сывзарынæн 374 хъæлæсы разыдзинад. Хъæлæсты бахыгъды фæстиуæгæн фæбæрæг ис, цæмæй Урсула фон Дер Лейенæн схъæлæс кодтой 383 адæймаг. Йæ ныхмæ та 327 депутат схъæлæс кодтой. Уымæ æмбæлгæйæ уый Еврокамисы президенты постыл развæдгæнæг Жан-Кълод Юнкеры фыццаг ноябрæй фæивдзæн.
Германийы хъахъхъæнынады министр Урсула фон Дер Лейен, иугонды историйы Еврокамисы фыццаг сылгоймаг къухдлариуæггæнæг у. Фæнысан кæнинаг у, цæмæй 2013 азы политикъ Германийы хъахъъхæнынады фыццаг сылгоймаг министр ссис. Уый фстæ Урсула фон Дер Лейен фæнысангонд пост ахсы. Фæстаг дæс азы дæргъы, уый Ангела Меркелы тынг хæстæг æмцæдисон у æмæ йæ дзыллæйы стыр хай, Германийы фидæн канцлерæй æнхъæлдта.
Урсула фон Дер Лейен Брюсселы райгуырдис, 13 азы кары та бинонтимæ иумæ цæрынмæ Гермнимæ ахызтысты, цæй фæстæ дæр Лондоны экономикæйы скъоламæ бацыд æмæ ахуыр Стыр Британийы сæйраг сахары адарддæр кодта. Фæстæдæр Урсула фон Дер Лейен йæхи бафæлвардта медицинæйы къабазы. Уый Ганноверы, медицинон ахуыргæнæндоны гинекологийыл ахуыр кодта.
Урсула фон Дер Лейен политикъон карьерæ 43 азы кары райдыдта. Уый фæстæ уый Германийы канцлеры Ангела Меркелы, Чырыстон-Демокративон партийы уæнг у. Урсула фон Дер Лейен 2001-2004 азты Ганноверы æндæр æмæ æндæр политикъхон потсытыл уыдис. 2003 азы та дæллаг Саксонийы парламенты уæнгæй ссис.
Урсула фон Дер Лейен æлхынцъон позици фыццаг хатт 2005 азы бацахста, кæцы рæстæджы дæр Ангела Меркел уыйы бинонты фарстаты, асджын æмбæстæгты, сылгоймæгты æмæ æвзонгты министрады къухдариуæггæнæгæй снысан кодта. Цыппар азы фæстæ та уый Бундестагы, Германийы Бæрзонддæр Закъондæттæг органы бацахста бынат.
Æнæкæсгæ уымæ цæмæй Урсула фон Дер Лейен политикъон фæлтæрддзинад бирæазон схонæн нæй, уымæн фæнысангонд сферæимæ уæддæр къуындæг цæдис ис. Урсула фон Дер Лейены фыдæн, Саксонийы бæстæйы активон политикъон карьерæ уыд.
60 аздзыд Урсула фон Дер Лейенæн авд хъæбул ис.