Евроджастимæ æмæ Германийы æмбæлгæ уагдæттмæ æмгуыстады фæстиуæгæн, прокуратурæ а.х. кол-центрты фæдыл фыдгæнæгон кхорды организацигæнджыты ныхмæ барадон сурын райдыдта
Евроджастимæ æмæ Германийы æмбæлгæ уагдæттимæ æмгуыстады фæстиуæгæн, прокуратурæ а.х. колцентрты тыххæй фыдгæнæгон къорды организацигæнджыты ныхмæ барадон сурын райдыдта. Уый фæдыл Гуырдзыстоны прокуратурæйы уагъд брифингыл райхъусын кодтой.
«Уагъд фæдагуырдæй фæбæрæг ис, цæмæй организацигонд къорды уæнгтæ Гуырдзыстоны бындурæвæрд амалиуæгадты базæйыл сарызтой а.х. кол-центр. Кол-центры кусджытæ, развæлгъау бакуыст планмæ æмбæлгæйæ, адзырдтой иу Германийы Федерацион Республикæйы æмбæстæгтæм, сæхи сын зонгæ кодтой мæнг нæмттæй, сæ компанийы бынаты фæдыл сын дæттой мæнг информаци æмæ сын æнхъарыдысты аргъджын гæххæттыты, акциты, базарадон активты, валютæты æмæ криптовалютæты электронон базарады хайад райсын фыдгæнæгон къорды арызт электронон платформæты фæрцы.
Оператортæ фæлхасгæнджыты уырнын кодтой, цæмæй сæ æххуысæй æргъты рæзт-фæкъаддæрыл электоронон базарады цауы, сæ бон бауыдзæн солидон æфтиагы райсын. Реалонæй, зианбавзарджыты электронон базарадæн рауæлдайгонд æхца фæлывдмидзинадæй давдтой.
Æнæзакъононæй райсгæ суммæтæн закъонон хуыз раттынæн, фыдгæнæг къорды контролы бын уæвæг банкъон хыгъдыл бирæхаттон фиктивон транзакциты фæстиуæгæн, суммæ æрвыст цыдис экономикон зилдумæ æндæр æмæ æндæр, сæнымæцы æнæзмæлгæ мулк балхæды нысанæн.
Фæнысангонд схемæйæ организацигонд къорд сыххæст кодта фæлывдмигæнгæйæ райсгæ дæсгай милуан ларийы бæрц æнæзакъонон æфтиагы легализаци», – райхъусын кодтой прокуратурæйы.