Евроцæдисы минæварад публикаци кæны информаци æнæвизæ дыууæрдæм змæлды ног фæткæвæрды фæдыл
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад Евроцæдисмæ балц кæнын кæй фæнды уыдоны хъусдардæн информаци публикаци кæны.
Информацийы куыд у банысангонд афтæмæй, 2024 азæй Европæмæ æнæвизæ змæлдæй пайдагæнæг 59 бæстæйы, сæ нымæцы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, æнæмæнгхъæугæ суыдзæн балцы рагафон бæлвырдгæнæн райсын, кæцы у Евроцæдисы ног æркуырд.
«Евроцæдисмæ балц кæнын кæй фæнды, уыдоны хъусдардæн: 2024 азæй Европæмæ æнæвизæ дыууæрдæм змæлдæй пайдагæнæг 59 бæстæйы, сæ нымæцы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æнæмæнгхъæуæг суыдзæн балцы рагафон бæлвырдгæнæн (авторизаци) райсын «информацийы æмæ авторизацийы системæйæ» (ETIAS). Балцы бæлвырдгæнæн Евроцæдисы æрбайсгæ ног æркуырд у Шенгены 27 бæстæйы, Болгари, Румыни æмæ Кипрмæ бахизынæн.
Уæ зæрдыл дарут: ETIAS нæу визæ! Æнæвизæ дыууæрдæм змæлды режим йæ тыхы зайы Гуырдзыстоны æмбæстæгты цыбырæмгъуыдон визиттæн, Евроцæдис/Шенгены зонæйы бæстæтæм.
Уæхи бахизут фæлывдмигæнджытæй! ETIAS-ы иунæг официалон веб-фарс у : www.europa.eu/etias .
ETIAS-ы системæ нырма нæ кусы. Йæ скусын кæныны фæстæ куырдиæтты форма рæувадат уыдзæн официалон веб-фарсыл.
Деталон информаци райсынæн бахизут: europa.eu/!FnfNwM», – банысангонд у информацийы.