Евроцæдисы минæварад – Курæг стæм алы партийæ, æвзарæнон процессы бастдзинад адарддæр кæной
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад, Гуырдзыстоны аккредитацигонд Евроцæдисы бæстæты мисситы къухдариуæггæнджытимæ координацигондæй, 2021 азы бынæттон æвзæрстыты дыккаг турыы фæстæ комментари публикаци кæны.
«30 октябры Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ 2021 азы бынæттон хæдуынаффæйы дыккаг турмæ æвзарæнон фадгуытæм æрыздæхæт. Евроцæдис æстæмæ æвдисы райгонддзинад æвзæрстгæнджытæй, æвзарæнон администрацийы кусджытæй æмæ бынæттон цæстдарджытæй сæ тыхархайды æмæ бастдзинад тыххæй «Ковид-19»-ы пандемийы уавæрты. Зæрдиагæй арфæгæнæг стæм OSCE/ODIHR-ы æмæ Европарламенты ææвзарæнон цæстдарæг миссийæ дыккаг туры рæстæджы дæр.
Мисси рахаста хатдзæг, цæмæй æвзæрстытæ æмтгæй райсгæйæ дзæбæх администриргонд æмæ æвзарæнон кампани та конкуретон уыд, фæлæ афтæма сфиксир кодта негативон риторикæйы фæкарз, æвзæрстгæнджыты тасы æфтауыны æмæ сæм хъомыс дарыны зылынгæнæнтæ æмæ ресурсты æхсæн æргом дисбаланс, кæцы хицаугæнæг партийæн уæлидзинад ратта æмæ ерысы уавæртæ фæивдта.
Фыццаг туры фæстæ райхъусын кодтам, цæмæй уый фæдыл фиксиргонд намысцух практикæ Гуырдзыстоны нормæйæ ма хъуамæ суа. Мæт кæнæм, цæмæй ацы æвзæрстытæ ацы æрдгæй уыдысты сæфт фадатæй. Æхсæнадæмон цæстдарджыты дырыс аргълæвæрдмæ нæкæсгæйæ, сæйраг аиппытæ схафынæн архайадон къахдзæфтæ арзыт нæ уыд. Уымæй уæлдай ма, фæзындис ног аиыппытæ, сæрмагондæй та Гуырдзыстоны политикон лидерты æрдгæй администрацион ресурстæй фыдвæнд спайда кæныны æмæ тыхми риторикæйы æрдгæй, кæцы ноджы фæкарздæр кодта æнæуый дæр арф политикон поляризаци.
Ацы æвзæрстыты размæ цы хъуыдытæ айзæлдис уый фæдыл ома централон хицауад нæ æмгкуыст кæндзæн сакребулотимæ, кæд уыдон хъауджы фылдæрты хай нæ сывзæрстаиккой, мæтæфтауæг у, уымæн æмæ æвзæрстгæнджытæн сæ æвзæрсты бар сарын кæнын æмæ плюрализмы лимитацийы æрдæм уыд.
Курæг стæм алы партийæ, æвзарæнон процессы бастдзинад адарддæр кæнæт. Æхсæнады æууæнк йæ рæстагдзинадмæ домы инклюзивон, æууæнкаг æмæ æргом бахыгъды процесс æмæ хъастытæ æмæ аппеляциты рæстагæй æркæсын. Ацы æрдгæй æввахс бонты централон æвзæрстгæнæн комиссийы æмæ тæрхондæттыл сæйраг бæрн цæуы æвæрд.
Ис нæм æнхъæлц, цæмæй Гуырдзыстоны лидертæ æцæг тыхархайдыл нæ фæцауæрддзысты ахæм политикон климат саразынæн, кæцы Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнхъæлцытæ сыххæстæн уыдзæн ахъаззаг. Ай æххæссы нысаниуæгджын реформæты бирæхаттон хæсист сыххæстмæ, сæрмагондæй та тæрхонон системæмæ гæсг æмæ афтæдæр, нæ Евроцæдис-Гуырдзыстоны разыгонд бонвæткы сыххæсты сног кæнынмæ, кæцы бындурæвæрд у, демократийы, адæймаджы бартæн цытлæвæрды æмæ законы сæйрагдзинад хъахъъхæдыл» – дзырдæуы евроцæдисы минæварады комментарийы.