Евроцæдисы минæварад – дзырды сæрибардзинад Евроцæдисы сæйраг хæзна у
Прессæйы сæрибардзинады æхсæнадæмон бон нын бакой кæны, цæмæй прессæйы сæрибардзинад æмæ информацийы рæувадатдзинадæн скуыддзаггæнæг нысаниуæг ис – уый фæдыл Гуырдзыстоны евроцæдисы минæварады фидиуæны дзырдæуы.
«Прессæйы сæрибардзинад нысан кæны, цæмæй медиайæн йæ бон у рабæрæг кæна æнæрастдзинад, æркура бæрнондзинад хицауады минæвæрттæй æмæ тох кæна коррупцийы ныхмæ; барадæй тасы бафтауын æмæ медиайы ныхмæ æфхæрæн тæрхонон процесстæ адæймаджыбарты æмæ демократийæн серьозон тас у; дзырды сæрибардзинад деклариргонд у адæймаджы барты æппæтон декларацийы 19-æм статийы. Дзырды сæрибардзинад Евроцæдисы сæйраг хæзна у. Йæ фарс хæцæм плюрализмæн, дзырды сæрибардзинадæн æмæ хæрзгъæд информацийæ, куыд Евроцæдисы, афтæ Гуырдзыстоны æмæ æппæт Дунейы» – дзырдæуы фидиуæны.