Евроцæдисы минæварад - «деолигархизацийы» законы райсты онг хъуамæ æркуырдæуа æмæ сыххæстæуа Венецийы Комиссийы хатдзæг
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад «деолигархизацийы» фæдыл закъонопроекты тыххæй комментари аразы.
Евроцæдисы минæварады куыд хъусын кæнынц афтæмæй, закъоны райсты онг, æркуырд æмæ сæххæстгонд хъуамæ уа Венецийы Комиссийы хатдзæг.
«Деолигархизацийы» закъонопроект дыккаг байхъустæй ацыд. Фæстæмæ та ногæй фиксир кæнæм нæ фидар цæстæнгас, ома ацы азкъоны райсты онг хъуамæ æркуырдæуа æмæ сыххæст уа Венецийы Комиссийы хатдзæг», – банысангонд у Евроцæдисы минæварады комментарийы.