Евроцæдисы лидертæ Уæрæсейы ныхмæ санкциты æхсæзæм пакетыл æрдзырдтой,кæцы уырыссаг нефты импорты 75% тобæ дары йæ хъуыдыйы
Евроцæдисы лидертæ Уæрæсейы ныхмæ санкциты æхсæзæм пакетыл æрныхас кодтой, кæцы уырыссаг нефты импорты 75% тобæ дары йæ хъуыдыйы. Уый фæдыл Европаг Советы президент, Шарль Мишел саммиты фыццаг боны фæстæ, рæгмæ æхсæв лæвæрд пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Уыимæ, йæ дзырдæй, бадзырдмæ гæсгæйæ, сæрыфыццаг тобæ нæ баххæсдзæни хæтæлвæдæй импортиргонд нефтмæ.
«Абон европаг Совет æрныхас кодта санкциты æхсæзæм пакеты фæдыл. Сæрмагондæй та, уый тобæ æвæры уырыссаг нефты импортыл, хæтæлвæдæй лæвæрд нефты рæстæгмæ уæлвæткæй. Растдæрæй та, санкцитæ æнæаргъæвгæйæ фæзындзысты уырыссаг нефты импорты 75 % æмæ афæдзы кæронмæ ацы мадзал баххæсдзæн Европæмæ импортиргонд уырыссаг нефты 90%-мæ», – райхъусын кодта Шарль Мишел.
Банысанкæнын хъæуы уый, æмæ санкциты æхсæзæм пакеты компромиссджын вариантыл æрдзырдтой Венгрийы позицийы тыххæй, кæцы нефты импорты тобæйы ныхмæ уыд.
Европаг Советы президенты хъусинагæй, Европаг лидертæ афтæдæр æрныхас кодтой Уæрæсейы ставддæр банк «Сбербанкы» раиу кæнын «SWIFT»-ы системæйæ æмæ ноджы æртæ ставд уырыссаг падзахадон уацхæссынадыл тобæйы тыххæй.
Европаг Советы президенты хъусинагæй, совет афтæдæр сбæлвырд кодта Украинайæн фараст миллиард евройы бæрц макрофинансон æххуыс, кæцы бæстæ фæстæмæ кæъхтыл слæууынкæнын бахардз уыдзæн.
Еврокомиссийы президент Урсула фон дер Лайены фидиуæнæй, афæдзы кæронмæ тобæ уырыссаг нефты импорты 90%-мæ баххæсдзæн, иннæ 10 процентыл тæрхонмæ та, Евроцæдисы лидерты тагъд рыздæхдзысты.