Евроцæдисы делегаци – Евроцæдис æнхъæлмæ кæсы информацимæ арæнæвæрæг закъæтты скусын кæныны фæдыл августы кæронмæ; кæд æмæ фарста æнæлыггондæй баззайа, уæд уый гæнæн ис æмæ æркæна æнæвизæйон режимы æрурæдмæ
Евроцæдис æнхъæлмæ кæсы, цæмæй Гуырдзыстон августы кæронмæ ратдзæн ноггонд информаци фундаменталон барты хъахъхъæды æмæ сæрибардзинады фæдыл арæнæвæрæг закъæтты скусын кæныны фæдыл, афтæ дæр антикоррупцион тыхархайдтыты фæтыхджындæр кæныны фæдыл – уый фæдыл дзырдæуы Евроцæдисы делегацийы Гуырдзыстоны социалон медийы рапарахатгонд расидæны.
Фидиуæны банысангонд у, цæмæй кæд æмæ фарстатæ æнæскъуыддзагæй баззайдзысты, уæд уый гæнæн ис æмæ расайа æнæвизæйон режимы æнæхъæнæй урæд.
«Æнæвизæйон режимы æруромыны механизм: цы хъуамæ зонæм:
- Ныртæккæйы уавæр
Æнæвизæйæ балцы цæуын баст у бындурон бартæ æмæ сæрибардзинæдтæн кад кæныныл.
Евроцæдис 2025-æм азы январы Гуырдзыстоны службæйы æмæ дипломативон паспорты хицæуттæн æнæвизæйон змæлд фæурæдта.
Еврокамис 2024-æм азы декабры Гуырдзыстоны фæдыл серьозон тыхстдзинад расидтис.
Кæс æххæст хыгъдлæвæрд (англисаг æвзагыл) https://bit.ly/3IPF0Lk
- Цавæр сты Евроцæдисы рекомендацитæ?
Хъахъхъæнын бындурон бартæ æмæ скусын кæнын закъæттæ, кæцытæ арæн кæнынц сæрибардзинæдтæ.
Фæтыхджындæр кæнын коррупцийы ныхмæ архайд.
Кæсут рекомендациты æххæст номхыгъдмæ (англисаг æвзагыл) https://bit.ly/4lCWqJS
- Дарддæр цы æрцæуы?
Евроцæдис августы кæронмæ æнхъæлмæ кæсы ноггонд информацимæ Гуырдзыстонæй.
Кæд æмæ фарстатæ æнæскъуыддзагæй баззайдзысты, уæд уый гæнæн ис æмæ расайа æнæвизæйон режимы æнæхъæнæй æрурæдмæ», – дзырдæуы информацийы.