Евроцæдисы цæстдарæг мисси – нысаниуæгджын у нæ зæрдыл дарæм, цæмæй гарзджын конфликтты фæстиуджытæ вæййынц дæргъвæтин, бафидауыны æмæ сног кæныны фæндаг та вазыгджын
Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны хæсты 15-æм азы сæры фæдыл евроцæдисы цæстдарæг мисси Гуырдзыстоны цыт кæны хæсты фæстиуæгæн зианбавзарджытæн, нæ зæрдыл лæууынц фæмардуæвджытæ æмæ зындзинæдтæ, кæцыты бавзæрстой сабыр цæрджытæ, нæ хъуыдытæ сты уыцы бинонтимæ, чидæриддæр абондæр ййафынц сæ рыст, – уый фæжыд Евроцæдисы цæстдарæг миссийы къухдариуæггæнæджы фидиуæны дзырдæуы.
Фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, Евроцæдисы цæстдарæг мисси хъæддых дарддæр кæны тыхархайд сараза зæрдæмæдзæугæ уавæр конфликты сабырæй алыг кæнынæн.
«Нысаниуæгджын у нæ зæрдыл дарæм, цæмæй гарзджын конфликтты фæстиуджытæ вæййынц дæргъвæтин æмæ баифдауыны æмæ сæндидзын кæныны фæндаг та вазыгджын. Сæрмагондæй куыд тæвд хаххы механизмы фæткдæттын æххæстгæнджытæ æмæ Эргнеты инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмы (IPRM) дискусситы æмсæрдæрттæ, æнæцудгæйæ йæ фарс хæцæм дæргъвæтин уынаффæтæ бацагурынæн конфликты фæтисуæгæн зиангонд дзыллæтæн пайдаджын тыхархайд, ацы азысæры банысан кæныны рæстæджы, нæ мисси ноджы иу хатт бæлвырд æвдисы йæ иузæрдыгдзинад регионы стабилондзинады, сабырдзинады æмæ æдасдзинадæн къухацаразынæн. Куыд объективон цæстдарæг мисси, ифтонг кæнæм администрацион арæйнон хаххыты дæргъмæ бынатыл иудадзыг уæвын æмæ адарддæр кæндзыстæм нæ куыст, æууæнк сног кæныны æрдгæй. Мах æнæцудгæйæ дарддæр кæнæм нæ архайын, саразæм пайдаджын уавæртæ конфликты сабырæй алыг кæнынæн», – дзырдæуы фидиуæны.