Евроцæдисы цæстдарæг мисси – курæг стæм алы фарсæй, равдисæт ромылдзинад æмæ алы хъæугæ мадзæлттæ скæнæт дарддæры эскалаци маруадзынæн
Дзурæм алы фарсæн, равдисæт ромылдзинад æмæ алы хъæугæ мадзал скæнæнт дарддæры эскалаци маруадзынæн, – дзырдæуы, Евроцæдисы цæстдарæг миссийы фидиуæны.
Цæстдарæг миссийы хъыгтæ дзурынц Къирбалы цур æрцæугæ факты тыххæй æмæ фауынц тыхдзинад.
«Евроцæдисы цæстдарæг мисси Гуырдзыстоны бæлвырд кæны, цæмæй инцидент Хуссар Ирыстоны администрацион арæны цур æрцыд, кæцыйы фæстиуæгæн Гуырдзыстоны æмбæстаг трагиконæй амард. Арф хъыгдзинад æвдсиæм фæмардуæвæгы бинонтæн æмæ хæстæджытæн.
Тызмæг фауæм цыфæнды формæйы тыхмидзинад æмæ иттæг мæт инциденты тыххæй. Регионы сабырдзинады æмæ стабилондзинад бахъахъхъæнынæн æнæмæнгхъæугæ у ахæм инциденттæ маруадзын.
Курæг стæм алы хайадисæг фарсæй, равдисæт хиуылхæцынхъомад æмæ алы хъæугæ мадзæлттæ скæнæнт дарддæры эскалаци маруадзынæн.
Лæмбынæг нæ хъус дарæм уавæрмæ æмæ кусæм ныттынггонд уавæры ифтыгъд суадзынæн, уый нымæцы Евроцæдисы цæстдарæг миссийы тæвд хаххы фæрцы æхсты фæдыл информаци баивдæй», – дзырдæуы Евроцæдисы цæстдарæг миссийы фидиуæны.
Паддзахадон æдасдзинады куысты информацийæ, Къирбалы цур, оккупацигонд территорийыл, бынæттон цæрæгы æнæзакъононæй æрцахсты рæстæджы, Уæрæсейы оккупацион тыхты æрдгæй æхсты фæстиуæгæн амард Гуырдзыстоны æмбæстаг.