ПÆК -  хъæу Къирбалы цур æнæзакъононæй æрцахстуæвæг Леван Дотиашвили нырид сæрибар у
ПÆК - хъæу Къирбалы цур æнæзакъононæй æрцахстуæвæг Леван Дотиашвили нырид сæрибар у

Æнæзакъонон ахсты уæвæг   Леван Датиашвили, кæцыйы Уæрæсейы оккупацион  тыхты минæвæрттæ æнæзакъононæй æрцахстой  Гуры  муниципалитеты хъæу Къирбалы  цур, Тамаз Гинтурийы  марындзинады рæстæджы, нырид уæгъдибар у  æмæ централон хицауады  контролгонд территорийыл  ис.  Уый фæдыл ифнормаци хъусын кæны ПÆК.

«Леван Дотиашвили  æнæаргъæвгæйæ  æмæ æнæуæлдайныхасæй ссæрибар кæныны фарста активонæй катæуыд 6 ноябры, Гуры  муниципалитеты  хъæу  Эргнеты  уагъд техникон фембæлдыл, кæцыйы хайад истой  Уæрæсейы оккупацион тыхты, оккупацигонд Цхинвалы регионы æмæ Евроцæдисы цæстдарæг миссий минæвæрттæ.

Æнæзакъононæй æрцахстуæвæгы ссæрибар кæныны фæдыл коммуникацийы рæстæджы, афтæдæр   интенсивонæй архайдтой  куыд  «тæвд хаххы» механизмæй, афтæ  централон хицауадмæ уæвæг   алы  мæцъистæй. Бадзырдты активонæй баст уыдысты æхсæнадæмон  партнертæ.

Централон хицауад дарддæр кæны активон  кусын  Тамаз Гинтурийы  марындзинады  хайадисæг  уæнгты ныхмæ расттæрхон сыххæсты нысанæй.  Куыст афтæдæр дарддæр кæны оккупацигонд территоритыл æнæзакъонон ахсты уæвæг  Гуырдзыстоны алы æмбæстагы ссæрибар кæнынæн», –  банысангонд у  ПÆК-ы  информацийы.