Евроцæдисы цæстдарæг мисси, Цхинвалы оккупацигæнаг режимы ахæлиугонд информацийы нæ бæлвырд кæны
Цхинвалы оккупацигæнæг режим хъусын кæны, цæмæй 5 ноябры Къодайы хъæуы Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады æмæ бынæттон цæрджыты гарзджын быцæудзинады рæстæджы дыууæ бынæттон цæрæг фæцæф ис, сæ æнæниздзинады уавæры фæдыл информацийы та Гуырдзыстоны хицауад æмбæхсы.
Оккупацигонд Цхинвалы а.х. æдасдзинады паддзахадон комомитеты фидиуæны дзырдæуы цæмæй «Тбилисы режим, æдасдзинады æрдгæй сæвзæрын кодта реалон тас».
А.х. æдасдзинады куысты фидиуæны банысангонд у, цæмæй инциденты фæстæ, Къодайы хъæуы цæрджытæм Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ хъомыс дардтой, ома сын раттаиккой æвдисæндзырд, цæвиттон гарзджын быцæудзинад баст уыд гуырдзииаг фарсы контролгонд территоримæ ирон рагысгарæг къорды бахызтимæ.
«Уæвæг информацийæ, конфликты аххосæй ссис цæрæн пункт Къодайы цæрдыты мæстдзинад, кæцы баст у Чорчана-Къоби-Къода-Атъоцы районы Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады блокпосттæ сæвæрынимæ, æндыгъдады иумæйаг эскалациимæ æмæ гуырдзиаг пъæлицæйы архайдимæ, хъæуы бæрзæндтыл Гуырдзыстоны тырысатæ уæлæмæ сисыны тыххæй» – дзырдæуы оккупацигонд Цхинвалы а.х. æдасдзинады комитеты фидиуæны.
Гуырдзыстоны паддзахадон æдадсзинады куысты хъусын кæнынц, цæмæй оккупацигонд Цхинвалы а.х. æдасдзинады комитеты фидиуæн радон дезинформаци æмæ провокацион фидиуæн у æмæ рæстдзинадимæ зæгъгæ æмбæлон нæу.
Евроцæдисы цæстбарæг миссийы та Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн фехъусын кодтой, цæмæй уыдон 24 сахатон режимæй патрул кæнынц æмæ информаци цæмæй зæгъгæ бынатыл æхст уыдис – не сбæлвырд кæндзысты.
«Нæ бон у сбæлвырд кæнæм уый цæмæй Евроцæдисы мониторингы миссийы тæвд хаххмæ, инцидент куы æрцыд уæд хъусинаг не æрбацыд. Нæ бон у сбæлвырд кæнын, цæмæй Евроцæдисы мисси патрул кæны 24 сахатон режимæй, къуырийы авд боны дæр æмæ нæ бон нæу уый сбæлвырд кæнын, цæмæй автоматон æхсæнгарзæй кæнæ æндæр мигæнæнæй истæ æхст уыд. Дзурæм, цæмæй æхсты хъæр нæ фехъуыстам æмæ нæ бон уый сбæлвырд кæнын нæу, цæмæй исты æхст уыд уым» – фехъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн Евроцæдисы цæстбарæг миссийы пресс-спикер, Дезз Дойл.