Евроцæдисы аст бæстæйы парламенты æддаг æмахастыты комитетты сæрдартæ Руставелийы проспектыл оппозицийы организацигонд митингы истой хайад
Евроцæдисы аст бæстæйы парламенты æддаг æмахастыты комитетты сæрдартæ Руставелийы проспектыл оппозицийы организацигонд митингы истой хайад

Руставелийы проспектыл, парламенты бæстыхайы раз, оппозицийы организгонд акцийы Евроцæдисы уæнг аст бæстæйы парламенты æддаг æмахастыты комитетты сæрдартæ истой хайад.

Германийы Бундестагы фæсарæйнаг хъуыддæгты комитеты сæрдар Михаил Рот, Эстонийы парламенты фæсарæйнаг хъуыддæгты комитеты сæрдар Марко Микельсон, Литвайы Сеймасы фæсарæйнаг хъуыддæгты комитеты сæрдар Жигимантас Павлионис, афтæ ма Финляндийы минæвар æмæ Польшæйы парламенттæ раныхас кодтой æмбырды.

Евроцæдисы бæстæты парламентты минæвæртты ралæуды фæстæ, Руставелийы проспектыл Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы гимнтæ айзæлыдысты.