Евроцæдисы æддæ архæйдтыты куысты пресс-спикер - Ранæуæггонд барадон фæлгæт, демократон æвзæрстыты ауадзынæн фидар бындур срæвдз кодта
2020 азы 31 октябры Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты фыццаг тур ранæуæггонд æвзарæнон системæйæ æмæ æвзæрстгæнджыты бæрзонд активондзинадæй ацыд, æнæкæсгæ уымæ цæмæй «Ковид-19» пандемийы тыххæй уæззау аууæлттæ уыд – банысангонд у Евроцæдисы æддæ архæйдтыты куысты пресс-спикеры фидиуæны.
«OSCE-ы демокративон институтты æмæ адæймаджы барты офисы (ODIHR) æмæ OSCE-ы Европæйы Советы æмæ НАТО-ы парламентон ассамблейты æхсæнадæмон цæстдарджыты развæлгъау ссарæггæгты æмæ хатдзæгты фæдыл иумæйаг раныхасмæ гæсгæйæ, æвзæрстытæ конкурентон уавæрты ацыд æмæ æмтгæй зæгъгæйæ, фундаментон сæрибардзинæдтæ хъахъхъæд уыд.
Фæлæ, цæстдарджытæ банысан кодтой, цæмæй æвзæрстыты цыдыл фæзындис æвзæрсгæнджытæм хъомыс дарыны фæдыл æмæ æнæхъæнæй разæвзарæнон кампанийы дæргъы æмæ æвзæрстыты бон хицаугæнæг партийы æмæ паддзахады æхсæн арæн дырыс кæй нæу уый тыххæй ахæлиугонд аххосæгтæ, кæцы процессы хицæн аспектты æрдæм æхсæнады æууæнк фæкаддæр кодта.
Фæстæмæ сегасдæр сæйраг у æвзæрстыты процессы дæргъы бæрзонддæр демокративон стандарттæ срæвдз кæнын, мажоритарон æвзæрстыты дыккаг тур хынцгæйæ, афтæ куыд алы хъасты æмæ аппеляцийы рæстаг, рухсдзыд æмæ лæмбынæг æркæсын. Ахсджиаг у цæмæй алы парти, демократон принципты æмæ стандарттæ хъахъъхæдæ æмæ адæймаджы бартæн цыт адарддæр кæна. Иттæг нысаниуæгджын у сæрибар æмæ тыхджын медиа æрдз сифтонг кæнын, уый нымæцы уый тыххæй дæр, цæмæй æвзæрстгæнæгмæ уа фадат æххæстæй информиргонд барæвзар саразыны фадат. Евроцæдис та лæмбынæг йæ цæст дардзæн фæзындты райтынгмæ баззайгæ æвзарæнон периоды дæргъы æмæ сæрмагондæй та дыккаг туры бон.
Ранæуæггонд барадон фæлгæт срæвдз кодта демокративон æвзæрстыты ауадзынæн фидар бындур.
Фæстагрæстæгон закондæттæн ивддзинæдты, хайгай рагхыгъд сты OSCE/ODIHR-ы æмæ Европæйы Советы/Венецийы комиссийы раздæры рекомендацитæ, фæлæ рæнхъ рекомендацитæ нæ сыххæст сты. Нысаниуæгджын уыдзæн æвзарæнон системæйы уæвæг аиппытæ схафын, сæ нымæцы OSCE/ODIHR-ы кæронбæттæн рекомендациты рагхыгъд бакæнын, инклюзивон диалогы фæрцы, дыккаг туры фæстæ, кæцы 21 ноябры ацæудзæн.
Евроцæдис æнцой дары демократон, стабилон, æнтыстджын æмæ инклюзивон Гуырдзыстонæн æмæ ассоциацидзинады бадзырдмæ æмбæлгæйæ Гуырдзыстоны политикон ассоциацидзинады æмæ Евроцæдисимæ экономикон интеграцийы процессæн æххуыс дарддæр кæндзæн» – банысангонд у Евроцæдисы æддæ архæйдтыты куысты пресс-спикеры фидиуæны.