Евроцæдисы  æддæ архæйдтыты куысты  пресс-спикер - Ранæуæггонд барадон фæлгæт, демократон  æвзæрстыты ауадзынæн  фидар  бындур срæвдз кодта
Евроцæдисы æддæ архæйдтыты куысты пресс-спикер - Ранæуæггонд барадон фæлгæт, демократон æвзæрстыты ауадзынæн фидар бындур срæвдз кодта

2020 азы 31 октябры Гуырдзыстоны   парламентон æвзæрстыты  фыццаг  тур   ранæуæггонд  æвзарæнон системæйæ æмæ æвзæрстгæнджыты  бæрзонд   активондзинадæй  ацыд, æнæкæсгæ  уымæ цæмæй  «Ковид-19» пандемийы  тыххæй  уæззау аууæлттæ уыд –  банысангонд у Евроцæдисы  æддæ архæйдтыты куысты  пресс-спикеры фидиуæны.

«OSCE-ы демокративон  институтты  æмæ адæймаджы  барты  офисы (ODIHR) æмæ  OSCE-ы Европæйы Советы  æмæ НАТО-ы  парламентон ассамблейты  æхсæнадæмон цæстдарджыты  развæлгъау ссарæггæгты  æмæ  хатдзæгты  фæдыл иумæйаг   раныхасмæ гæсгæйæ,  æвзæрстытæ  конкурентон уавæрты  ацыд  æмæ æмтгæй  зæгъгæйæ, фундаментон  сæрибардзинæдтæ  хъахъхъæд уыд.

Фæлæ, цæстдарджытæ банысан  кодтой,  цæмæй  æвзæрстыты цыдыл фæзындис æвзæрсгæнджытæм хъомыс дарыны фæдыл   æмæ  æнæхъæнæй разæвзарæнон  кампанийы  дæргъы æмæ  æвзæрстыты  бон  хицаугæнæг партийы æмæ   паддзахады  æхсæн  арæн дырыс кæй нæу  уый  тыххæй  ахæлиугонд  аххосæгтæ, кæцы  процессы  хицæн аспектты æрдæм æхсæнады  æууæнк фæкаддæр кодта.

Фæстæмæ  сегасдæр  сæйраг у  æвзæрстыты процессы дæргъы  бæрзонддæр  демокративон  стандарттæ срæвдз кæнын, мажоритарон æвзæрстыты  дыккаг тур хынцгæйæ, афтæ куыд   алы хъасты  æмæ  аппеляцийы   рæстаг,  рухсдзыд æмæ  лæмбынæг  æркæсын.  Ахсджиаг у  цæмæй  алы  парти,  демократон принципты æмæ  стандарттæ хъахъъхæдæ æмæ  адæймаджы бартæн цыт адарддæр кæна.   Иттæг нысаниуæгджын у  сæрибар æмæ  тыхджын медиа æрдз сифтонг кæнын, уый нымæцы  уый тыххæй  дæр,  цæмæй  æвзæрстгæнæгмæ уа  фадат  æххæстæй информиргонд  барæвзар саразыны фадат. Евроцæдис  та  лæмбынæг  йæ цæст дардзæн   фæзындты райтынгмæ  баззайгæ æвзарæнон  периоды  дæргъы æмæ  сæрмагондæй  та дыккаг туры  бон.

Ранæуæггонд барадон  фæлгæт  срæвдз кодта  демокративон  æвзæрстыты ауадзынæн  фидар  бындур.

Фæстагрæстæгон  закондæттæн ивддзинæдты, хайгай  рагхыгъд  сты  OSCE/ODIHR-ы   æмæ  Европæйы Советы/Венецийы  комиссийы  раздæры  рекомендацитæ, фæлæ   рæнхъ рекомендацитæ   нæ сыххæст сты. Нысаниуæгджын уыдзæн  æвзарæнон системæйы  уæвæг аиппытæ схафын, сæ нымæцы  OSCE/ODIHR-ы кæронбæттæн  рекомендациты  рагхыгъд бакæнын, инклюзивон  диалогы  фæрцы, дыккаг туры фæстæ, кæцы 21  ноябры ацæудзæн.

Евроцæдис æнцой дары демократон, стабилон, æнтыстджын æмæ инклюзивон  Гуырдзыстонæн  æмæ ассоциацидзинады  бадзырдмæ æмбæлгæйæ  Гуырдзыстоны  политикон ассоциацидзинады æмæ Евроцæдисимæ   экономикон  интеграцийы процессæн æххуыс  дарддæр  кæндзæн» – банысангонд у Евроцæдисы  æддæ архæйдтыты  куысты пресс-спикеры фидиуæны.