Евроцæдисы абон æруынаффæ кæндзысты Уæрæсейæн ног санкцитæ сбæлвырд кæнын
Евроцæдисы абон ног арæнæвæрдты æрбайсын план кæны уыцы адæймæгты æрдæм, кæцытæ Уæрæсейы анексиргонд Хъырыммæ, Уæрæсейы президентæм æвзæрстыты ауадзыны организатортæ уыдысты. Абон Брюсселы Евроцæдисы 28 уæнг бæстæйы иугæндзон минæвар æрымбырд уыдзæн, кæцытæ а.х. сан номхыгъдмæ индивидуалон уæнгты бахæссыныл æруынаффæ кæндзысты.
Уыцы цауы, кæд æмæ кевроцæдисы уæнг паддзахадты минæвæрттæ æрныхас кæндзысты, Мæскуыйы ныхмæ ног санкциты æрбайсын, Евроцæдисы совет хъуамæ сбæлвырд кæна.
Ныр Уæрæсейы ныхмæ санкциты цалдæр пакет у уагæвæрд: экономикон, индивидуалон æмæ Хъырымы анексийы тыххæй райст санкцитæ.