Евроцæдис  уырыссаг газы импорт ацы аз дыууæ æртыккæгæмæй фæкаддæр кæндзæн, 2030 азмæ та, нефт æмæ газы импорт æххæстæй аскъуындзæн
Евроцæдис уырыссаг газы импорт ацы аз дыууæ æртыккæгæмæй фæкаддæр кæндзæн, 2030 азмæ та, нефт æмæ газы импорт æххæстæй аскъуындзæн

Евроцæдис  уырыссаг газы импорт ацы аз дыууæ æртыккæгæмæй фæкаддæр кæндзæн, 2030 азмæ та, нефт æмæ газы импорт æххæстæй аскъуындзæн, цæмæй дæр   уырыссаг  энергоресурстыл баст   нал  уыдзæни.  Уый фæдыл «CNN»   Евроцæдисы ахæлиугонд  информацийыл æнцойæ  хуъсын кæны.

Медийы   хъусинагæй,   Евроцæдис  планы æххæст кæныны æрдзон газы фæстауæрцы диверсификацийæ  план кæны. сæрмагондæй та,  тæнгъæд газы импорты æмæ  газдадзæнтæ  райрæзын кæныны  хардзыл, кæцы нæ уыдзæн  Уæрæсейыл иугонд.  Афтæма, биометаны æмæ   ноггæнгæ   донгуыр амал кæныны мæ  импорты гуырахст фылдæр кæннæй. Хæдзæртты бæстыхæйтты,  кондадты æмæ  энергосистемæйы   къахгæ артагæй  фæлхас кæнын  цырддæр фæкаддæры фæрцы,  энергоэффективондзинад райрæзын кæнынæй,   ноггæнгæ энергийы æмæ  электрификацийы  рæзтæй æмæ  инфратсруктурæйы куылымпызинæдтæ  схафыны фæрцы» -банысан кодтой Евроцæдисы.

«CNN»-ы информацийæ,  абоны бонмæ  Евроцæдис импортиргонд æрдзон газы  40% исы Уæрæсейæ. Афтæма  Уæрæсе ифтонг кæны  Евроцæдисы  нефты  27 %-æй  æрвылазонæй.