Евроцæдис райы, Турчы хицауа бæстæйы уæлвæтк уавæр кæй аивдта уый тыххæй
Евроцæдис райы Турчы хицауады уынаффæйæ, бæстæйы уæлвæтк уавæры аивыны фæдыл, фæлæ организацийы мæстыдзинад æвисынц фæткдар партийы ног иницативæйы тыххæй, кæцы йæ хъуыдйы дары антитеррористон закъондæттынады фæкарздæр кæнын. Фидиуæны сарызта Евроцæдисы пресс-нымæрдар Майя Косьянчич.
Йæ информацийæ, Евроцæдис ныфсджын у ома Турк аудздзæн тæрхонон реформæ Евроцæдисы рекомендацитæ зæрдыл даргæйæ, афтæдæр Венецийы камисы æмæ æндæр уагдæтты рекомендацитæ. Евроцæдисы афтæдæр ныфсы цæстæй кæсынц, ома уæлвæтк режимы аивыны фæстæ, Турк нæзагъд ракæндзæн уыцы мадзæлттыл, кæцытæ æппæрццагæй æндавынц адæймаджы барты хъахъъæд цытмæ.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй Турчы уæлвæтк режимы æрбайстæуыд 2016 азы, паддзахадон æфсæддон фæлæдæхты архайдæй цалдæр боны фæстæ. Режимæ æрбайстой 21 июлы æмæ йæ уый фæстæ авд хатт адарддæр кодтой.