Евроцæдис Хъырымы анексийы тыххæй, Уæрæсеы ныхмæ уагæвæрд санкцитæ адарддæр кодта. Санкцитæ Брюссель, Украинæйы «Территорион æнæхъæндзинады» хæлды тыххæй æрбайста æмæ Евройцæдис сæ архайды æмгхуыдтæ æрвылазонæй дарддæр кæны.
Сау Номхыгъдæй цы фæхонынц уырдæм хаст сты 150 физикъон уæнг æмæ 38 компани. Рыанымадмæ хаст уæнгтæн Евройæдисмæ ныццæуын тобæгонд у æмæ сæ финансон хынцтыл æвæрд у хъоды.
Украинæйы ныхмæ сæххæст агрессийы тыххæй, Евроцæдис уæлæмхасæй Уæрæсейы экономикæйы хицæн секторты ныхмæ санкцитæ æрбайста, кæцыты æмгъуыд аивгъуыддзæн 2018 азы 31 июлы.